Габриелиус Ландсбергис - Евроццæдисмæ фæндаг у объективон  критериты уылты, къахдзæфтæ саразын хъæуы, реформæтæ  ауадзын, кæд ахæм уыдзæн аргълæвæрд, уæд  баххуыс уыдзæн Гуырдзыстонæн  размæцыды
Габриелиус Ландсбергис - Евроццæдисмæ фæндаг у объективон критериты уылты, къахдзæфтæ саразын хъæуы, реформæтæ ауадзын, кæд ахæм уыдзæн аргълæвæрд, уæд баххуыс уыдзæн Гуырдзыстонæн размæцыды

Кæддæриддæр иу   фæзæгъм, цæмæй Евроцæдисмæ  фæндаг у объективон  критериты уылты фæндаг.  Уый нысан кæны,ц æмæй  къахдзæфтæ  саразын хъæуы, реформæтæ  ауадзын, цæмæй  бæстæ  бафæраза  размæ рацæуын.  Кæд ахæм  уыдзæн  аргълæвæрд, укæд мæ  хъуыдымæ цæгдæр баххуыс уыдзæн Гуырдзыстонæн размæцыды –  уый фæдыл райхъусын кодта  Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Габриелиус Ландсбергис.

Афтæма йæ дзырдæй,  зæгъгæ йæ фæнды  Евроцæдисмæ гæсгæ Гуырдзыстоны  бæлвырд æддагон политикæ фенын.

«Мæ  бон у Лиетувæйы позицийы  тыххæй зæгъын.  Тынг  удцырын стæм, фенæм Гуырдзыстоны  бæлвырд æддагон политикæ  Евроцæдисы тыххæй.  Иуæй-иу   хатт куыд зонæм афтæ нæ вæййы  æмæ    фæнды мæ, кæронбæттæн  уынаффæ разхæссыны онг  уыдæттæ рараст кæнынц» – райхъусын кодта Габриелиус Ландсбергис.