Гаагайы  тæрхондоны зианбавзарджыты фонд, августы хæстæй зианбавзарджытæн æххуысы  600 000 евройы  бæрц программæ  райдайы
Гаагайы тæрхондоны зианбавзарджыты фонд, августы хæстæй зианбавзарджытæн æххуысы 600 000 евройы бæрц программæ райдайы

Гаагайы  тугнтæрхоны  барады  æхсæнадæмон  тæрхондоны зианбавзарджыты  фонды  директорат (TFV) 2008  азы  августы хæстæй  зианбавзарджытæн  600 000  евройы бæрц æххæуысы  æртæазон программæ райдайы. Уый фæдыл  юстицийы  министры хæстæ æххæстгæнæг, Гаагайы  тæрхондоны   зианбавзарджыты  фонды директораты уæнг  Гоча Лорткипанидзе  райхъусын кодта.   Информацийы  хуъсын кæны   юстицийы министрад.

Юстицийы министрады информацийæ,   программæйæ  бæрæг æххуыс  хаудзæн 2008 азы  хæсты  амæттæгтæн  дихгæнæг  хаххы дыууæдæр фарсыл.  Программæ  йæ хъуыдыйы  дары æххуыс медицион  лæггады рæстæджы,  амæттæгты  психологион  реабилитацийы æмæ æндæр  хуызы æххуыс.   Фæнысан кæнын хъæуы  уый æмæ Гуырдзыстоны фыццаг европаг бæстæ у, кæцыйæн  директорат  æххуысы  программæ  бакуыста. Зианбавзарджыты фонды скуыддзаг  ист уыдис  августы  хæсты фæстиуджыты  деталон бацазуыры  бындурыл.  Зианы  масштабтæн аргълæвæрды  процесс, 2019-2020  азты, Гуырдзыстоны   хицауадимæ,  августы хæсты рæстæджы зианбавзарджыты   æмæ æнæхицауадон секторимæ  æнгом æмкуыстгæнгæйæ ацыд.  Консультациты процессы  каст уыдысты  фарстытæ, цæмæй  цы типы  зиан  бавзæрстой  агусты хæсты фæстиуæгæн æмæ куыд фæзындысты хæсты  фæстиуджытæ  амæттæгты  абоны  цардуагыл, сæ  æдасдзинадыл, æнæнизхъахъхъæды барыл.

Юстицийы министрады  хъусинагæй,   Гаагайы   тæрхондоны æмæ   Гуырдзыстоны  паддзахады консультациты фоныл   фæбæрæг ис,  цæмæй   августы  хæсты фæстиуæгæн   зианбавзарджытæн абон дæр хъæуы  æххуыс   куыд   психологион, афтæ æнæнизхъахъхъæды æмæ  æндæр æрдæмадæй.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр, Гаагайы  тугтæрхоны æхсæнадæмон   тæрхондоны  зианбавзарджыты  фонды  директорат  рахаста  уынаффæ, Уæрæсе-Гуырдзыстоны  2008 азы  хæсты амæттæгтæн æххуысы программæ  сфидар кæныны  фæдыл. Директорат  деталон информаци,  æххуысы  ног программæйы фæдыл  райхуъсын кæндзæн,   Гуырдзыстоны  хицауадимæ,   æмбæстагон дзыллæимæ  æмæ августы  хæсты рæстæджы  зианбавзарджытимæ  дарддæры консультациты  фæстиуæгæн.

Гаагайы  тæрхондоны  зианбавзарджыты  фонды  директоратмæ  Гоча Лорткипанидзейы сывзæрстой  2018  азы декабры 123 паддзахады  минæвæрттæ.  Уый фыццаг цау у, фонды  Хурыскæсæн европæйы  бæстæйæн рауæлдайгонд  квотæ гуырдзиаг  кандидат куы бацахста.