G7 -  Солсберрийы  раздæры  уырыссаг  дывæрон  агенты  фæхъæстæимæ баст у Уæрæсе
G7 - Солсберрийы раздæры уырыссаг дывæрон агенты фæхъæстæимæ баст у Уæрæсе

Стыр авд  Уæрæсемæ æрсидтис,  раздæры дывæрон  шпионы  фæхъæстæ кæныны фæдыл фарстытæн ратта дзуапп.

Афтæма,   СтырАвд æнцой дары  Стыр Британийы  позицийæн, кæцымæ гæсгæ дæр Солсеберрийы  Сергей  Скрипалы  фæхъæстæ кæнынимæ   баст у Уæрæсе.

«Мах фауæм Уæрæсейы дæуд,   дзуапп ратта  Британийы хицауады  закъонон фарстытæн,  кæцы ноджы иу  хатт   нысан кæны  цæмæй  æрцæугæйыл бæрнон у Уæрæсе» – дзырдæуы G7-ы фидиуæны.

Стыр  Авды  уæнг паддзахдтæ  домынц, цæмæй Уæрæсе «химикъон хæцæнгарзы тобæйы  организацийы»  специалисттæн бадæтта информаци нервон-парализгæнæг  маргы «Новичок»-ы  программæйы тыххæй, кæцыйы Уæрæсе сусæгæй æххæст кодта.

«Уæрæсейы конд æфсæддон  маргæй  бырст  дыккаг дунеон  хæсты   фæстæ  Европæйы  фыццаг хатт  æрцыд.  Ауый тæссаг у  æнææрмæст Стыр  Британийы, фæлæ ма  мах алкæй æдасдзинадæн. Ай  у бырст, Стыр Британийы  суверенитетмæ  æмæ тæссаг у махæн алкæмæн дæр»  – дзырдæуы  фидиуæны.

Фидиуæны  афтæдæр  ис фыст, Стыр  Авд дарддæр кæны диалог  Уæрæсеимæ,  цæмæй уый æрыздæха фæткæвæрдыл бындурæвæрд  æхсæнадæмон  системæйы  фæлгæттæм. Афтæма, Стыр Авды  уæнгтæ, «Гибрибон  тасы»  дзуаппæн  æдасдзинад фæфидар кæнын  дарддæр кæны.