G7 цæттæ у, Уæрæсейы ныхмæ ног санкцитæ снысан кæна
G7 цæттæ у, Уæрæсейы ныхмæ ног санкцитæ снысан кæна – уый фæдыл ис фыст Стыр Авды уæнгты паддзахадты æттаг хъуыдтæгты министрты фембæлды фæстæ ист документы.
Документы ис фыст, цæмæй ног санкцитæ Мæскуыйы ныхмæ уыцы цауы уыдзысты ист, кæд æмæ уæрæсе афтæ хуынæг Минскы бадзырд нæ сыххæст кæндзæн.
G7 уæнгтæ афтæ дæр карзæй скритик кодтой Уæрæсе «демократион систематыл бабырсты тыххæй. Канадайы æттаг хъуыдтæгты министры ныхасмæ гæсгæ, алчи чи бахъавдзæн демократийы бабын кæнын цæттæ хъуамæ уа фæстиуджытæм дæр.
Æнæкæсгæ уымæ, G7 ныфс дары, Уæрæсеимæ глобалон кризисы ныхмæ тохы æмкуыстдзинад адаргъ кæна æмæ Мæскуыимæ диалогы фæндæгтæ агуры.