Фысымуат  «Амбасадоры» зынг бафтауыны  хъуыддагыл  ахст  гоймаг, аххосагыл нæ сæтты æмæ æнæсдзырды барæй пайда кæны
Фысымуат «Амбасадоры» зынг бафтауыны хъуыддагыл ахст гоймаг, аххосагыл нæ сæтты æмæ æнæсдзырды барæй пайда кæны

Фысымуат  «Амбасадоры»  зынг  бафтауыны   хъуыддагыл  ахст  гоймагæн рагафон ахсты  изоляторы  фæдагурджытæ  аххосаг бавдыстой. Адвокатты  информацийæ,   уый аххосагыл нæ  сæтты  æмæ  æнæсдзырды барæй  пайда кæны.

«Аххосаг йæм бавдыстæуыд уыцы  квалификацийæ, кеæцы нырид  публикацигонд уыд, 187-æм статийы  дыккга хайы  «А» дæлпунктæй.   Уый аххосагыл нæ сæтты,  спайда кодта æнæсдзырды  барæй.   Цыфæнды  документ бафыссыныл   нæзагъд ракодта, уымæн æмæ фæдагурæг архæйдьтыты  хайад нæ райста.  Уымæ æмбæлгæйæ  рафарст  нæ  сыххæст ис.  Фиппаинагы хуызæй  сфиксир ис йæ позици, цæмæй   аххосагыл нæ сæтты æмæ  пайда кæны æнæсдзырды барæй.   Нæзагъд кæны ахæлиугонд информацийыл, уый нымæцы  казинойы  æхца  амбулыны  тыххæй.   Базонгæ уыдзыстæм хъуыддаджы æрмæджытимæ,  нырма  сæ мидис нæ  бацахуыр кодтам,  рагафон исты  зæгхын    йæ  барты хæлд уыдзæн» – загъта адвокат  Паата Гогаладзе.

Рагафон æфхæрды мадзаы фарстайыл тæрхондон æнхъæлцау абон фæуынаффæ кæндзæн. Нырма бæрæг нæу   фарсыты  позици  цы  куырдиат  бавдисдзысты  процессыл.

Фысымуат  «Амбьасадоры»   зынг бафтауыны  фактыл фæдагуырд  Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы   187-æм статийы  2-аг хайы «А»дæлпунктæй   цæуы, кæцы  нысан кæны,   зынг бафтауынæй  дзаума  базина кæнын æкæнæ  скуынæг кæнын.