Фыццагон бæрæггæнæнтæй, Владимир Путины инициргонд конституцион ивындзинæдтимæ, референдуммæ бацæуæг æмæбстæгты 77,93% сразы сты
Фыццагон бæрæггæнæнтæй, Уæрæсейы президент Владимир Путины инициргонд конституцион ивындзинæдтимæ, референдуммæ бацæуæг æмæбстæгты 77,93% сразы сты. Уырыссаг медийы информацийæ, ацы рæстæгмæ бахыгъд кодтой бюллетенты 99,9%.
Референдуммæ хаст фарстимæ не сразы сты 21,26%. Централон Æвзарæн Комиссийы сæрдары Эла Памфиловайы фидиуæнæй, зæгъгæ референдумыл активондзинад уыд 78%. Хъæлæс кæныны процедурæ 25 июны райдыдта æмæ цалдæр этапæй ацыд.
Конституцион ивындзинæдты инициативæйæ Уæрæсейы президент цæугæ азы январы рацыд. Бæстæйы сæйраг законмæ ивындзинæдтæ бахæссын Владимир Путинæн, президентон æмгъуыдтæ ногæй нымайыны фадат ратдзæн. Афтæмæй уымæн президенты бынатыл баззайын йæ бон уыдзæн 2036 азмæ.