Фыццаг октябрæй Швейцари Гуырдзыстоны æдас бæстæты номхыгъдмæ бахæсдзæн
Фыццаг октябрæй Швейцари Гуырдзыстоны æдас бæстæты номхыгъдмæ бахæсдзæн. Уый фæдыл дзырдæуы Швейцарийы федералон советы веб-фарсыл публикацигонд фидиуæны.
Фидиуæнмæ гæсгæйæ, æдас бæстæтæйæ банымады фæстæ, хиæмбæхсæн агурæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты фыдыбæстæмæ ырздæхын зондджын уыдзæн.
Швейцарийы федералон совет нысан кæны, цæмæй ацы кæнæ иннæ бæстæйы æдасæй банымады сæйраг критерий у адæймаджы бартæн цыт, политикъон стабилондзинад, æнæнизхъахъъхæды системæ, афтæдæр евроцæдисы æндæр бæстæты æмæ ИНО-йы аргълæвæрдтæ.
Швейцарийы æрдгæй æдасæй нымад бæстæты номхыгъды афтæдæр сты Албани, Бенин, Босниа æмæ Герцговинæ, Буркина-Фасо, Гана, Инди, Косово, Молдовæ, (Днестрыгæронæй цух) Монголи, Монтенегро, Цæгат Македони, Сенегал æмæ Сербий.
Швейцарийы федералон советы фидиуæнæй, 2017 азы фæззæгæй Швейцарийы æмæ Евроцæдисы бæстæты хиæмбæхсæн агурæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты нымæц райрæзтис, кæцы Шенгены зонæйы Гуырдзыстонæн визон режим аивынимæ у баст.
Федералон совет нысан кæны, цæмæй Гуырдзыстоны æдас бæстæйæ банымад у дырыс сиганл, цæмæй Швейцари, пайда кæны алы æнæмæнæгхъæугæ амалæй, хиæмбæхсæнагурджыты æнæаргумекнтиргонд аппликациты нымæц фæкаддæр кæнынæн.