Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили данийаг журналисттимæ фембæлдис
Æхсæнадон Телеуынынадмæ данийæ журналисттæ фæуазæг сты, уыдон Гуырдзыстонмæ ахуырадон визитæй æрцыдысты. Данийаг журналисттимæ Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили фембæлдис.
Данийаг журналисттæ цæст ахастой Гуырдзыстоны Æхсæнадон Телеуынынадыл æмæ æрзонгæ сты йæ куысты принциптимæ, уыдонæн цымидисон уыд куыд цæуы Гуырдзыстоны конструктивон ног хабæртты ахастæй фæлхас кæнын.
Конструктивон журналистикæ, кæцыйы принциптæй Æхсæнадон Уацхæссæг архайы, у ног æрдæмад æмæ амæйразмæ æрфидар ис ныгуылæн Европæйы бæстæты.
«Рагæй ныхас кæнæм конструктивон журналистикæйыл, йæ ныссаниуæгыл демократон паддзахад арæзтады рæстæджы. Ныгуылæн Европæйы конструктивон журналистикæйы институт Ульрик Гаагерупы бындурæвæрд æрцыд Данийы. Ац ыстилы журналистикæйæ нырид реалонæй архайынц алы ньюсрумы æмæ уыцы фарстатыл нын дæтты дзуапп, кæцытæ гæнæн ис æмæ нæм уа алкæмæ дæр. Европæйы Уацхæсджыты Цæдисы фарсхæцынæй, журналистты бацæттæйы проект дарддæр кæндзæн, уымæн æмæ Æхсæнадон Уацхæссæг у демократийы бындур æмæ ацы æрдæмадæн дæр демократийы размæцыд у йæ нысан», – загъта Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили.