Фыццаг Каналы æмæ падзахадон æвзаджы департаменты минæвæрттæ, ныхасы æвзаг фæхуыздæры фæдыл фембæлд ауагъдтой
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы æмæ паддзахадон æвзаджы департаменты минæвæрттæ ныхасы æвзаджы фæхуыздæры фæдыл абон фыццаг фембæлд ауагъдтой.
Фембæлды нысан уыд медиайы æрфидаргонд типикон рæдыдтыты, барбаризмты гуырдзиаг аналогтæй фæивын æмæ гуырдзиаг æвзаджы ноджы фылдæр популяризаци.
Фембæлдыл Каналы къухдариуæгад, падздзахадон æвзаджы департаменты минæвæрттимæ иумæ æндæр æмæ æндæр информацион æмæ ахуырадон активондзинæдтæ сплан кодта.
Ацы фарстамæ гæсгæ Фыццаг Каналы æмæ паддзахадон æвзаджы департаменты æхсæн меморадум бафыссын план кæны.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвилийы дзырдæй, фембæлдыл фæныхас кодтой, цас нысаниуæгджын у гуырдзиаг æвзаг бахъахъхъæнын, сæрмагондæй та медиатыгъдады æмæ Æхсæнадон Уацхæссæджы алы платформæйыл.
«Фæныхас кодтам формæтыл æмæ амæлттыл, куыд гæнæн ис сæрмагондæй ног фæлтæрæн химæласæг уа ай æппæт. Нæ хъавæм ахæм терминтæ раивын, кæцытæ нырид æрфидар сты, фæлæ уыцы æнæраст формæтыл, кæцытæ гæнæн ис æвзагæн знаггадгæнæг уа, æнæмæнгæй уыдзæн хъусдард. Нысаниуæгджын у, цæмæй сæрмагондæй медиатыгъдады, афтæма «Телескъолайы» Каналыл, æмбæлгæ формæйæ бадæттæм ай æппæт æмæ растдæр ацы куыстытæ райдаын хъавæм», – райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.
Паддзахадон æвзаджы департаменты сæрдар Гиорги Алибегашвили банысан кодта, цæмæй паддзахадон æвзагыл аудын хъæуы, хъæуы базилын йæм æмæ медиафæрæз ацы æрдгæй нысаниуæгджын рол æххæст кæны.
«Райгонд уыдзыстæм, кæд æмæ Фыццаг Уацхæссæгон Канал суыдзæн æндæртæн цæвиттон, ома гуырдзиагау дзæбæх дзурын скæнæм престижон. Растдæр уымæн нывонд уыдзæн нæ фидæны меморандум», – райхъусын кодта Гиорги Алибегашвили.