Сабиты хъахъъхæды æхсæнадæмон бонмæ нывонд мадзæлтты къурион фыццаг июны райдайдзæн æмæ 6 июны боны кæронмæ аххæсдзæни – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе сæйраг горæты хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ сабион мадзæлттæ сæйраг горæты æртæ паркы – Васо Годзиашгвилийы номыл паркы, Мзиурийы æмæ Киквидзейы паркы ацæудзæн.
«Мадзæлтты фæлгæтты, лæвæрд уыдзæн сабион студиты концерт. Æнæхъæн боны дæргъы ацæудзæн æндæр æмæ ндæр ивзæрсæн мадзæлттæ сывæллæттæн. Сабиты равгыл бакусдзысты аргъæутты хъайтартæ» – банысан кодта Тбилисы мэр.
Афтæма й дзырдæй, 1-6 июны, Тбилисы мэрийы æххуысæй æмæ ахуыргæинаг фæсивæды национ галуаны организацигондæй, Нодар Думбадзейы номыл æнахъом кæсджыты театр байгом уыдзæн Гоги Тодадзейы номыл сабион æмæ фсивæдон театры æхсæнадæмон фестивал.
«Къуырионы фæлгæтты, 4 июны Тбилисы циркы сабион фестивал дæр ацæудзæн. Фестивалы нысан у, сабиты сферæйы архайæг æндæр æмæ æндæр компаниты фæдыл зонындзинад сбæрзонддæр кæнын. Мадзæлттæ бацæуæн у уæгъдибар алкæмæндæр» – райхъусын кодта Каха Каладзе.