«Фрейзеры Институты» «Дунейы экономикон сæрибардзинады» рейтингы Гуырдзыстон ис дунейы лидер фондз бæстæйы æхсæн
«Фрейзеры Институты» (Fraser Institute) 2021 азы «Дунейы экономикон сæрибардзинады» рейтингы Гуырдзыстон, æртæ позицийæ фæразæй ис æмæ дунейы лидерты дæсойы æхсæн 8,26 баллимæ 5-æм баынатмæ схызт. 2020 азы хъыгъдлæвæрды Гуырдзыстон 8,24 баллимæ ахста æстæм позици. Информаци уый фæдыл Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæцудгæ рæзынады министрад хæлиу кæны.
Уагдоны информацийæ, «Дунейы Экономикон Сæрибардзинады» рейтинг аргъ дæттынц 165 бæстæйæн.
«Гуырдзыстон йæ фæстæ фæуагъдта ахæм бæстæтæ, цахæм дæр сты АИШ(6-æм), Лиетувæ(7-æм), Австрали(9-æм), Дани(10-æм), Стыр Британи (12-æм), Эстони (13-æм), Канадæ(14-æм) Сомихыстон(15-æм), Япони (18-æм), Нидерландтæ (19-æм), Латви(20-æм), Финлянди(21-æм), Германи (22-æм), Австри (28-æм), Люксембург (30-æм), Бельги (45-æм), Хуссар Корея (47-æм), Словаки (47-æм), Франц (53-æм), Молдовæ (66-æм), Польшæ (75-æм), Уæрæсе (100-йæм), Турк (114-æм), Белорус (114-æм), Азербайджан (121-æм), Украина (129-æм) æмæ æнд.
«Гуырдзыстонæн сеппæтæй бæрзонддæр аргълæвæрд ис ахæм æрдæмадæй цахæмдæр у: арæнон фиддонон хай; регулригæнæг арæнæвæрдтæ æнæзмæлгæ мулкы реализацийыл; фæсарæйнаг валютæйæ банкон хынц дарыны сæрибардзинад; сау базарыл ивæн курсы нæуæвын; финансон уæгъддзинад; коммекрцион банкты дарыны сæрибардзинад; фæсарæйнаг визиторты æрбацыды сæрибардзинад; кредитты процентон хайы контроль; – банысангонд у экономикæйы министрады информацийы.
Рейтинг сбары бæстæйы сыххæст политикон курсы æмæ институциты гъæд, кæцытæ бæрæг кæны бæстæйы экономикон сæрибардзинад. Рейтингы бавдыст бæрæггæнæнты хай æнцойæвæрд сты ахæм авторитетон æхсæнадæмон организациты иртасæнтæ æмæ аргълæвæрдтыл, цахæмдæр сты Æхсæнадæмон Валютон Фонд, Дунеон Банк, Дунейы Экономикон Форум æмæ æнд.