Германийы президент Франк-Вальтер Штайнмайер Киевмæ ныццыд. Украинайы сæйраг горæты Штайнмайер президент Володимир Зеленскиимæ фембæлдис.
«Украинæгтæм не æрвитæггаг у уый, цæмæй мах æнæрмæст хуымæтæгæй уæ фарсмæ лæууæм, фæлæ мах дарддæр кæнæм Украинайæн фарсхæцын экономиконæй, политиконæй æмæ æфсæддон æрдгæй», – райхъусын кодта Штайнмайер Киевмæ визиты рæстæджы.
Уый ма фæстæдæр раздæхт немыцæгтæм æмæ сæм æрсидтис, ма се ферох уа, цæмæй цы нысан кæны ацы хæст Украинайы цæрджытæн æмæ цас фыдæбæттæ, хъизæмар æмæ пырх æрхаста хæст Украинæгтæн.
Медиайы хъусинагæй, Германийы президент Украинамæ визиты план кодта ивгъуыд æртыццæджы, фæлæ визит æргъæвд уыд Германийы фæсарæн хъуыддæгты æмæ мидхъуыддæгты министрадты, афтæма æдасдзинады куысты рекомендацийæ æдадсзинады мадзæлтты тыххæй.