Франк-Вальтер Штайнмайер - Гуырдзыстон немыцаг туристтæн тынг химæлвасæг у
Гуырдзыстон немыцаг туристтæн тынг химæлвасæг у – уый фæдыл Германийы презилент Франк-Вальтер Штайнмайер, райхъусын кодта Гуырдызстны президент Саломэ Зрабишвилиимæ фембæлды фæстæ.
Штайнмайер Гуырдзыстон æмæ Германийы æдадсзинадыл ныхасы рæстæджы гуырдзиаг-немыцаг æмкуысткæнынад бахахх кодта æмæ банысан кодта, цæмæй ацы азтæ тынг æнтыстджын уыдысты.
«Фæныхас кодтам гуырдзиаг-немыцаг æмкуысткæнынады азтыл, Германи –Гуырдзыстоны хæлардзинады афæдз, 2017-2018 азтæ, кæцытæ тынг æнтыстджын уыдысты. Фæнды мæ бахахх кæнын, уымæн æмæ фыццаг хатт, разынд гуырдзиаг-немыцаг хæлардзинады æххæст бонджындзинад. Тынг бирæ автор разындис афтæдæр, Франкфурты чиныджы æрмукъæйы контексты. Тынг бирæ гуырдзиаг авторы базыдта Германи, афтæдæр æндæр бæстæтæ» – райхъусын кодта Штайнмайер.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, немыцаг газетты æмæ журналты Гуырдзыстоны фæдыл бирæ информаци ис.
«Практиконæй алы газет æмæ журналы фыссынц гуырдзиаг литературæйы тыххæй, гуырдзиаг культурæйыл, афтæдæр Сванетмæ бацы æнхъарæн кæнæ дæнцæн Кахеты сæнæфсиртонæнмæ хуынд. Тынг бирæ конкретон деталон информаци ис Гуырдзыстоны фæдыл. Растдæр уыцы фæстиуæг æрлæууы, ома Гуырдзыстоннемыцаг туристтæн у тынг химæлвасæг æмæ уырнæг дæн, фидæн азы райрæздзæн туристты нымæц Гуырдзыстонмæ» – банысан кодта Германийы президент.