Францы фæсарæн хъуыддæгты министрад, 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты 10 азы сæрмæ гæсгæ, фидиуæн аразы
Францы фæсарæн хъуыддæгты министрад, 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты 10 азы сæрмæ гæсгæ, фидиуæн аразы æмæ сиды Уæрæсейы Федерацимæ, сæххæст кæна 2008 азы 12 августы æхсты фæурæды фæдыл бадзрдæй цы æхсæнадæмон хæсист ракодта уый.
Фидиуæны мидæг банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн гарзджын конфликтæй дæс азы фæстæ, Франц фæстæмæ бæлвырд кæны йæ æмзæрдæдзинад Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзиадæн, йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты æмæ сиды Уæрæсемæ кронмæ сæххæст кæна 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры бадзырдтæй цы хæстæ райста йæхимæ -уыдон.
Фидиуæны банысангонд у, цæмæй Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны сепаратистон регионты хæдрасидт хицауадты иуфарсон банымад у Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ йæ æхсæнадæмон арæнтæм хъавд.
«Уæлдæрбанысангонд регионты милитаризаци, афтæдæр, фæнысангонд æмæ Гуырдзыстоны æндæр регионты цæрджыты æхсæн ахастыты фæфидары æмæ æууæнкы сног кæныны механизмты куылымпы кæнын нæрайсгæ у æмæ уромы бæстæйы æмбæстæгты бафидауыны фæндон процесс. Франц фидæны дæр йæ фарс хæцдзæн Гуырдзыстоны конфликтты сабырадонæй аскуыддзагы процессæн, æхсæнадæмон барады фундаметон принциптæм æмбæлгæйæ, цæмæй баххæст уа, 2008 азы 12 августы æхсты фæурæды фæдыл бадзырд»- дзырдæуы Францы фæсарæн хъуыддæгты миистрады фидиуæны.