18 июлæй хуынд а.х. уæлрадон сессийы фæдыл ноджы иу хатт хъусын кæнæм, цæмй нæ хъавæм радикалон оппозицийы плангонд параллелон, æрымысгæ,саботажон æмæ фæстиуджыты æрдгæй перспективæ цæмæн нæй ахæм процессы хайад расын – уый фæдыл фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Мамука Мдинарадзейы Гуырдзыстоны парламенты сæрдармæ æрвыст фыстæджы дзырдæуы.
Фыстæджы мидис æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» депутатты позици медийæн парламенты уагъд брифингыл фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдары фыццаг хæдивæг Гиви Миканадзе базонын кодта.
Куыд банысанæуыд, афтæмæй, фракцийы 81 уæнгæй, уæлрадон сессийы хайад ничи райсдзæн.
Фракци «Гуырдзиаг Бæллицц» уыцы процессы, кæцыйы нысан у Европаг æмæ евроатлантикон структурæтæм интеграцийы æмæ Еврокомиссийы рекомендациты сыххæсты бæсты, поляризаци фæарфдæр кæнын æмæ фæнысангонд рекмоендациты саботаж у, хайад нæ райсдзæн», – дзырæдуы фыстæджы.
Фыстæджы авторы фидиуæнæй, фракци уыцы планмæ гæсгæйæ архайы, кæцы бакуыст у «Гуырдзиаг Бæллиццы», 12 рекомендаци сыххæст кæнынæн æмæ сиды оппозицимæ, баиу сæм уæд.