«Foreign Policy» - Уæрæсе, Гуырдзыстоны сепаратистон регионты салд конфликтты фæрцы, кавказаг нацийы стабилондзинад æмæ Европæмæ тырнынад фæкуылымпы кæнын архайы
АИШ уыны, куыд архайы Уæрæсе позицитæ фæтынг кæнын Гуырдзыстоны – ахæм сæргондæй стати публикаци кæны рауагъдад «Форин Полиси», кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй Уæрæсе, Гуырдзыстоны сепаратистон регионты салд конфликтты фæрцы архайы ноджы фылдæр фæкуылымпы кæна кавказаг адæмы стабилондзинад æмæ Европаг æхсæнадмæ тырнынады цæрынхъомад.
Статимæ гæсгæ, 2019 азы Уæрæсе, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы бюджетты стыр хай 275 милуан долларæй сфинанс кодта, фæнысангонд территоритæ та сты Гуырдзыстоны сепаратистон регионтæ, кæцытæ сты Гуырдзыстоны æппæтон территорийы фæндзæм хай æмæ 2008 азы хæсты фæстæ оккупацигонд сты Уæрæсейы æрдгæй.
«Форин Полиси» æвдисæнæн æрхаста АИШ-ы паддзахадон департаменты раныхас, ома Уæрæсе не ххæст кæны 2008 азы æхсыт фæурæды фæдыл бадзырд, кæцымæ хауы, конфликты агъоммæ цы позицитыл уыд æфсад уырдæм æрыздахын дæр.
Статийы фыст ис, цæмæй Уæрæсе не ххæст кæны хæсист, оккупацигонд территоритæм гуманитарон организациты сæрибарæй архайыны фадат раттыны фæдыл.
«Форин Полисийы» статимæ гæсгæ, Уæрæсе рагæй архайы, Гуырдзыстон адард кæна Европаг дзыллæйæ. АИШ-ы президент Дональд Трампы æрдæм, Конгрессы æмæ НАТО-йы æмцæдисонты æрдгæй, арæхæй-архæдæр хъуысынц фарстытæ, Уæрæсейы агресси кæй нæ фауы уый фæдыл.
«Гуырдзыстоны сепаратистон территоритыл бонæй-бон къаддæр кæны АИШ-ы æндæвдад. Паддзахадон департамент райхъусын кодта, цæмæй ног мадзæлттæ райст, Абхазмæ æхсæнадæмон визиторты тыххæй, куылымпы кæны АИШ-ы персоналы уырдæм ныццыд æмæ нуыманитарон организациты бацыд арæн кæны. Æхсæнадæмон дзыллæ райхъусын кодта, цæмæй ацы политикæ гæнæн ис расайа Абхазæн æххуысы цæхгæр фæкъаддæр, уымæн æмæ æхсæнадæмон актортæн рæувадат нæу бацæуæн, кæцы æнæмæнгхъæугæ у программæтæ фæткдæттын æмæ мониторингæн» – банысангонд у статийы.
«Форин Полиси» фыссы цæмæй АИШ, 2008 азы хæсты фæстæ, Гуырдзыстонæн æфсæддон уæй æмæ æххуыс, фæфылдæр кодта æмæ Трампы администраци басаста Оабамайы джитæнгæнаг ахаст, Гуырдзыстонæн 75 милуан доллары аргъы «Джавелинты» танкъы-ныхмæ ракетæт ауæй кæныны фæдыл.
Статимæ гæсгæ, Вашингтоны зæгъгæ иуæй-иутæ дызæрдыг кæнынц, цæмæй Уæрæсе Гуырдзыстоны регионты ныууæнгтæ кæнынæн архайы йæ æмцæдисонты фæрцы. Статимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны сепаратистон регионты, æрмæст Уæрæсе, Науру, Сири æмæ Никарагуа банымаддтой æмæ паддзахадон департаменты Конгрессы инциргонд закъонопроект йæ хъуыдыйы дары, финансон æххуыс аскуынын уыдонæн, чидæриддæр оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты хæдбарад банымадта.
«АИШ-ы раздæры бæрзонд гæстæ уынынц, цæмæй сепаратистон зонæты, Уæрæсе тыхджын кæй кæны уый амонæг у, цæмæй Мæскуы цæттæ у, ноджы фылдæр фæкуылымпы кæна АИШ-ы æддаг политикæ æвзарæнон афæдзы рæстæджы» – банысангонд у «Форин Полисийы» статийы.