Fly Khiva Ташкентæй Тбилисы æппæтдунеон аэропортмæ фыццаг бæлццæтты æрбкодта
Узбекаг авиакомпани «Fly Khiva» Тбилисы æппæтдунеон аэропорты кусын райдыдта. Уый фæдыл информаци Тбилисы æмæ Батумы аэропортты оператор TAV Georgia парахат кæны.
Информацийы куыд банысангонд у афтæмæй, авиакомпани Ташкент-Тбилис-Ташкент маршрутыл къуыри дыууæ хатт, майрæмбон æмæ сабаты сæххæст кæндзæн рейстæ.
Сæ ныхасмæ гæсгæ, авиакомпани ныридæгæн фыццаг бæлццæтты Узбекистаны сæйраг сахарæй Тбилисмæ æрбаласта «Боинг 757-300» хæдтæхæгæй.
«Fly Khiva у узбекаг авиакомпани, кæцы 2023 азы райста йæ уæлдæфон операторы сертификат æмæ райдианы райдыдта уæзласæн рейстæ Европæмæ, Китаймæ, Хуссар-Скæсæн Азимæ, Æввахс Скæсæнмæ æмæ Африкæмæ. 2024 азы декабрæй фæстæмæ
TAV Georgia-имæ цæугæ бадзырдты фæстиуæгмæ гæсгæ, Fly Khiva план кæны 2025 азы июны мæйæ Батумы аэропорты дæр йæ куыст райдайын.