Флоридæйы хæдтæхæг аутист сывæллæтты терапийы центрыл æрхауд. Фæмард дыууæ адæймаг.
«Эсошиэйтед Прессы» – информацийæ, дыууæ фæмардуæвæг дæр, хæдтæхæгы бæлцæттæ сты. Инцидент Форт-Лодердейлы æрцыд.
Бынæттон медиа куыд хъусын кæны афтæмæй, æрцæугæйы рæстæджы сывæллæтты терапийы центры бæстыхайы 13 адæймаг уыд æм сæ нымæцы 5 сывæллæттæ. Фæцæф ис иуæй-иу ахуыргæнæг, кæцы бæстыхайæ сывæллæтты ракæнын архайдта. ХÆдьæтæхæг бæстыхайы уæлхæдзар аныдзæвдта æмæ йыл зынг фæзындис.
Æрцæугæйы аххос бæрæг нæу.