Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министрад - Нымадмæ нæ исæм Абхазы уагъд «æвзæрстытæ» кæцытæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад халæг сты
Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министрад оккупацигонд Абхазы уагъд а.х. президентон æвзæрстыты фæдыл социалон хызаг «Твиттеры» фыссы.
«Финлянди æххæстæй йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитетæн. Нымадмæ нæ исæм Абхазы 25 августы уагъд «æвзæрстытæ» кæцытæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад халæг сты», – банысангонд у Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Оккупацигонд Абхазы, а.х. президентон æвзæрстытæ знон ацыдысты. Президенттæм фараст кандидаты тох кодтой æмæ сæ нымæцы архайæг а.х. президент Рауль Хаджимба. А.х. Президентон æвзæрстыты фæстиуджытæм гæсгæ, иунæг кандидат дæр нæ райста хъæлæсты 50 процент. Регионы сырæздзæн дыккаг тур, кæцыйы хайад исдзысты нырыккон а.х. лидер Рауль Хаджимба æмæ оппозиционер Алхас Къвициниа. Дыккаг туры фæлдыдзог дыууæ къуырийы мидæг хъуамæ ауадзой. Хъæлæсты бахыгъды фæстиуæгæн райст бæрæггæнæнтæ, æнхъæлцау дыууæ сахатмæ фæбæрæг уыдзысты.