Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министр - Дæ Райгуырæн бон дын арфæ кæнæм Гуырдзыстон!
Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министр Тимо Сойни Гуырдзыстонæн, Фыццаг демокративон Республикæйы бындурæвæрдæй 100 азы сæр, социалон хызаг «Твиттерæй» арфæ кæны.
«Финлянди уын арфæ кæны! Уæ Райгуырæн бон уын арфæ кæнæм Гуырдзыстон!» – фыссы Тимо Сойни æмæ видео-сидты пуликаци кæны.
«Дæ бон хорз Гуырдзыстон, зынаргъ гуырдзиаг хæлæрттæ! Финлянди æмæ Гуырдзыстоны кæрæдзийæн партнертæй фылдæр сты. Мах стæм æрдхордтæ. Æмкуыст кæнæм бирæ сферæйы, дæнцæн ахуырады æмæ æдадсзинады къабазты. Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн не ххуыс у æнæцудгæ.
Гуырдзыстон дард фæндаг рацыд реформæты æмæ евроцæдисимæ къуындæг интеграцийы æрдæм. Æнæвизæ режим, ассоциацидзинады бадзырд æмæ сæрибар базарадон бадзырд сты стыр æнтыстытæ. Афтæдæр уынæм куыд рæзы туризм. Цыппар минæй фылдæ финнаг уыд Гуырдзыстоны ивгъуыд азы. Афтæдæр райгонд стæм сфысым уын кæнæм Финляндийы.
Зынаргъ хæлæрттæ, Финлянди хæдбардзинады 100 азы сæр сбæрæгбон кодта ивгъуыд азы. Ныр та уæ рад у. Сымах стут стыр наци æмæ уæ бон у сæрыстыр уат уæ бæстæйæ» – хъусын кæны Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министр æмæ гуырдзиагау дзуры – „ფინეთი გილოცავთ!“ – (Финлянди уын арфæ кæны!).