Финлянди Арчил Татунашвилийы мæлæты факты деталон æмæ рухсдзыдæй равзарын домы
Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министрад оккупацигонд Цхинвалы Арчил Татунашвилийы мæлæты кой кæны.
Уагдон Гуырдзыстоны æмбæстагы мæлæты фактыл деталон æмæ рухсдзыд фæдæвзарæн саразын домы.
«Мах æххæстæй разы стæм Евроцæдисы, ЕÆÆО-йы æмæ ИНО-йы фидиуæнтимæ Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны æмбæстагы мæлæты фæдыл. Курæг стæм, сырæза деталон æмæ рухсдзыд фæдæвзарæн æмæ дарддæр кæнæм Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территоритон æнæхъæндзинадæн æнцой дарын» – дзырдæуы Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны, кæцы публикацигонд æрцыд «Твиттеры».