Финансты министрады фæдæвзарæн куыст иу адæймаджы æрцахста бæрнон бартæй æнæзакъонæй спайда кæныны тыххæй
Гуырдзыстоны финансты министрады фæдæвзарæн куыст Гуырдзыстоны хæлцады националон агентады Шида Картлийы регионалон департаменты сæйраг инспекторы официалон бартæй æнæзакъонæй спайда кæныны тыххæй æрцахста.
Финансты министрады слестгæнæн службæйы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй фæдагуырд рабæрæг кодта, паддзахадон службæгæнæг материалон льготæты ивæнæй ООО «Фермерты дом»-ы разамонæгæн басгæрсты агъоммæ цалдæр боны раздæр кæй радта информаци æрцæугæ басгæрсты тыххæй.
«Ацы акцийы нысан уыд, цæмæй куыстуат иваргонд ма æрцæуа.Бæрæггонд æрцыд, цæмæй дзырддаг амалиуæггæнæг горæт Горы BAYER-ы препарат LUNA SENSATION-ы номимæ контрафакт агрохимикаттæ уæй кодта.
Хъуыдтагы фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны уголовон кодексы 332 статьяйы фыццаг хаймæ гæсгæ.
Ноджы иу хатт сидæм паддзахадон кусджытæм æмæ семæ уголовон бадзырд бафыссын кæй фæнды, уыцы адæймæгтæм, цæмæй сæхи бауромой ахæм æнæзакъон архайдтытæй. Фæдæвзарæн куысты реагирдзинад цыфæнды уавæры дæр уыдзæн æвæстиат æмæ карз» – ис фыст финансты министрады фæдæвзарæн куысты информацийы.