Финансты министрад – Гуырдзыстоны æмæ Германийы æхсæн рæзынады сферæйы æмгуыстады фæдыл радон хицауадон бадзырдтæ райдыдта
Берлины абон байгом ис Гуырдзыстоны æмæ Германийы Федеративон Республикæйы æхсæн рæзынады сферæйы æмгуыстады фæдыл радон хицауадон бадзырдтæ, кæцытыл фарсытæ афæлгæсдзысты дыууæ бæстæйы æхсæн æмгуыстады фарстатæ, Гемрманийы хицауады æхуысæй проектты цыд æмæ партнерады ног, плангонд æрдæмадтæ. Уый фæдыл инфорамцийы Гуырдзыстоны финансты министрад хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, бадзырдтæ байгом кодтой Гуырдзыстоны финансты министр Лаша Хуцишвили æмæ Германийы Федеративон Республикæйы экономикон æмгуыстады æмæ рæзынады министр Свения Шульце.
Финансты министрады информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, бадзырдты фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны хицауад æмæ Германийы Федеративон Республикæйы хицауады æхсæн рæзынады сферæйы æмгукыстады фæдыл бадзырдты протокол, Гуырдзыстоны æрдгæй бафысдзæн финансты министры хæдивæг Экатерине Гунцадзе.