Financial Times - АИШ мæйты дæргъы æххуыс кæны Украинæйæн Уæрæсейы нысантæ æрæппарынæн
АИШ цалдæр мæйы дæргъы æххуыс кæны Украинæйæн Уæрæсейы нысæнттæ æрæппарынæн – уый фæдыл «Financial Times»-ы рауагъды статьяйы ис фыст.
Публикацийы информацийæ, Украинæ æвзæрста нысантæ дардмæ æхстытæн, уый фæстæ та Вашингтон ацы объектты фæдыл развæдсгарæн информаци лæвæрдта. Рауагъдад фыссы, цæмæй АИШ-ы æххуысы нысан у Уæрæсейы экономикæйы фæлæмæгъдæр кæнын æмæ Владимир Путины бадзырдты фынгыл æрбадын кæнын.
Америкæйаг развæдсгарæн службæ Киевæн фехъусын кодта информаци, кæцы йын фадат радта ахсджиаг уæрæсейаг энергетикон объекттæ ныццæвынæн, се æхсæн нефты рафснайæн заводтæ, кæцытæ сты фронты хаххы фæстæ.
Информиргонд æрмæгмæ гæсгæ, америкаг развæдсгарæн службæ æххуыс кæны Киевæн маршруттæ, бæрзæндтæ, рæстæг æмæ миссийы уынаффæтæ сплан кæнынæн, уый руаджы украинаг дард æхсæн дронтæн, кæцытæ арæзт сты иухаттон æхстытæн, фадат дæттынц уырыссаг уæлдæфон хъахъхъæнынады æфсæдтæй фервæзынæн.
Рауагъдады банысан кодтой, цæмæй æххуыс сæрды æмбисæй фæфылдæр. Ацы ивæндзинад июлы мæйы Дональд Трамп æмæ Владимир Зеленскийы æхсæн телефонон ныхасы фæстæ æрцыд.