Филлипинтыл тропикон штормы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 200-мæ схæццæ

Филлипинтыл тропикон  штормы  фæстиуæгæн фæмардуæвджыты  нымæц  200-мæ  схæццæ. Сакъадах  Минданаойыл  зианбаййафæг регионтæм  нрыма дæр  нæ  ныххæццæ  сты   ирвæзынгæнджытæ.    Штормы рæстæджы  æрбайсæфт  150-йæ фыдæр адæймагы  рацагурын ацы рæстæгмæ не нтысы.    Стихийы  тыххæй,  хæдзæртты ныууадзын  бахъуыд  70 000  филлиппинагæн.  Зианбаййафæг регионты æнæцайгæйæ  уары къæвда,  цæй тыххæй дæр ирвæзынгæнæн   операци куылымпы кæны.

Мингай  адæймагмæ  нæй  электроэнерги, æхгæд сты  фæндæгтæ.  Стихийы тыххæй  фæмардуæвджыты бинонтæн  тæфæрфæс ракодта  ИНО-йы  генералон нымæрдар.  Антониу Гутиереш  загъта цæмæй ИНО Филлиппинтæн æххуысмæ  цæттæ у.