Филип Рикер – Оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл уырыссаг æфсæддæтты уæвын, стыр мæстыдзинад сиды АИШ-ы
Европæ æмæ Евразийы фарстаты АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæгы хæстæ æххæстгæнæг Филлип рикер дипломативон корпусы цалдæр минæваримæ æмæ æдасдзинады эксперттимæ иумæ Одзисмæ ныццыд.
Фæнысангонд территорийæ цалдæр километры, оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл Уæрæсейы æфсæддон базæ – Ахмаджы база уæвы. Америкаг дипломат банысан кодта, цæмæй Уæрæсейы æрдгæй Гуырдызстоны территорийы фæндзæм хайы оккупаци, АИШ-ы тынг мæсты кæны.
«АИШ-ы æмæ Гуырдзыстонæн кæрæдзиимæ рагон партнерад иу кæны. Оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл уырыссаг æфсæддæтты уæвын стыр мæстыдзинад сиды, афтæ куыд се рдгæй а.х. бордеризацийы процесс æмæ ацы процессимæ баст архæйдтæ. АИШ-æ Уæрæсейы хицауадмæ æнæиухатт æрсидтис баурома æнæзакъонон архæйдтæ æмæ фæстæмæ акæна æфсад Гуырдзыстоны территорийæ. Мах æрсидтыстæм Уæрæсемæ, баурома Гуырдзыстоны оккупаци æмæ бакоммæ кæсæт 2008 азы бадзырдмæ», – райхъусын кодта Филип Рикер.
Европæ æмæ Евразийы фарстаты АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæджы хæстæ æххæстæнæгы Филип Рикеры визиты фæлгæтты плангонд сты фембæлдтæ Гуырдзыстоны хицауады уæнгтимæ, уый нымæцы ног премьер-министр Гиорги Гахариаимæ дæр. Рикер райхæлдта, цæмæй Гуырдзыстонмæ æрцыд æмæ ног премьеримæ фембæлд уымæн бахæс кодта йæхæдæг АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео.
Рикеры хъуыдымæ гæсгæ, æхсæнадæмон делегацийы визит фæнысангонд территоримæ иттæг нысаниуæгджын у. Уый бынатмæ ныццæугæ делегацийы уæнгтæн бузныг загъта.
«Европæйы ацы хай иттæг нысаниуæгджын у махæн. Нæ нысан у, оккупаци фæуа. Уæлдайдæр уый цæрынæн нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны цæрджытæн. Ам цæрæг адæмæн змæлды æрдгæй стыр проблемæтæ рæзынц æмæ Гуырдзыстоны хæлар æмæ партнер паддзахадтæн, цахæмдæр у АИШ-æ уый мæтæфтауæг у», – банысан кодта Филип Рикъер.
Америкаг дипломат Украинайы цæугæ уæззау процесстæ цахæмдæр у Скæсæн Украинайы оккупаци æмæ Хъырымы анекси, сбаста Гуырдзыстоны территориты оккупациимæ æмæ райхæлдта, цæмæй ай зæгъгæ у Уæрæсейы архайд, ауæрæхдæр кæна æндæвдады сферæ æмæ фæцудын кæна Европæйы стабилондзинад.
«Уæрæсейы хицауады æрдгæй æндæвдады апарахат кæныны тактикæ рагæй фæстæмæ бæрæг фæзынд у. Ацы тактикæйы бæлвырд гæнæг у оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл арызт æфсæддон базæ дæр, кæцы ацы ранæй цалдæр километры уæвы. Цæстæй кæсгæйæ зыны, цæмæй уым Уæрæсейы тырыса фæйлауы. 2008 азæй абоны онг Уæрæсе оккупацийы хардзыл, æндæвдады сферæ ауæрæх кæнын архайы Гуырдзыстон. Уыцы процесс уынæм Украинайы дæр æмæ уынæм, цæмæй фæстаг 10 азы дæргъы, Уæрæсе йæ æнæзакъонон митæй архайы, фæцудын кæнын уый, кæцы хуыйны сабыр æмæ стабилон Европæ», – банысан кодта Филип Рикер.