Филип Рикер – Гуырдзыстоны дæн, цæмæй зæгъон, цæмæй нæ уырны Гуырдзыстон æмæ йæ цæрджытæн, АИШ æмæ америкаг адæмæй хуыздæр хæлар нæй
Паддзахадон нымæрдар майк Помпеойы барамындæй, æз абон Гуырдзыстоны дæн, цæмæй зæгъон уый, æмæ нæ уырны Гуырдзыстон æмæ йæ цæрджытæн, АИШ-æй æмæ америкаг адæмæй хуыздæр хæлæрттæ нæй – уый фæдыл фæдыл Европæ æмæ Евразийы фарстаты АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæгы хæстæ æххæстгæнæг, Филип Рикер Тбилисы экономикон политикъæ иртасаг центры æмæ Маккейны Институты организацигонд радæй фæндзæм æхсæнадæмон конференцийыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ныр бæстæтæ фæрсæйфæрстæм тох кæнынц Афгъанистаны иумæйаг нысæнттæн. Уымæй уæлдай ма, Рикер куыд згъта афтæмæй, бæстæтæ бирæ сферæты райрæзын кодтой фидар партнерад.
«Фæнды нæ ацы партнерад ноджы фылдæр райрæза. Бакуусдзыстæм иумæ куыд хæлæрттæ, партнертæ æмæ фæстагмæ куыд æмцæдисонтæ афтæ. Уыдонæн чидæриддæр АИШ-ы иузæрдыгдзинады æрдæм фарстытæ ис, хъуамæ бакæсой фактытæм. Хаттæй –хатт нысаниуæгджын у дзыллæ æрæвронг кæнын атлантикæйы дыууæдæр фарсыл уыцы бацахуыр кæнынæн, цы æмбарæм дыккаг дунеон хæст фæудæй 75 азы сæрыл, АМерикæйы зæндджын уæнгтæ АТлантикæйы иннæ æрдæм куы ракастысты æмæ бамбæрстой, цæмæй нысаниуæгджын уыд институтты саразын Дыккаг Дунеон хæсты хуызæн катастрофæйæ сæрбахизынæн. Æцæг у райдыдта «Уазал хæст» фæлæ сфæрæзтам дæргъвæтин сабырдзинад æмæ нæуырнинаг фарны периоды æрфидар кæнын, кæцы адарддæр ис 90-æм азты фæстæ, Берлины къул ныппырхы фæстæ, коммунизмы ныппырхы æмæ советон цæдисы ныппырхы фæстæ. Уый æнцойæвæрд у иумæйаг аргъдзинæдтыл.
Фæнды мæ бакой уын кæнон Брюсселы джеклараци, кæцыйыл президент Трамп æнææрмæст йæ къух æрфыста, фæлæ ма йын æххæстæй йæ фарс рахæцыд. Мах лчи зонæм, президент Трампы ацы декларацийы кæй нæ уырныдтаит, уæд йыл йæ къух не æрфыстаит. Ацы документ æххæссыд НАТО-ы ауæрæх кæныны фарстамæ дæр. Ныр мах стæм НАТО-йы 30-æм уæнгы, Цæгат Македонийы Республикæйы райсты процессы. АИШ-ы сенатыратификацийы процесс ацы фæззæджы хъуамæ фæуа. Уырны нæ, цæмæй иннæ 28 æмцæдисон афтæдæр фæуыдзæн ацы процедурæ, цæмæй нæ бон бауа, раарфæ кæнын30-æм уæнгæн. Алы уыцы бæстæйæн, кæцы ссис НАТО-йы уæнг, бахъуыд æмхуызон стандарттæн дзуапп раттын. Ай æмтгæйон мид продукты дыууæ проценты бæрц æфсæддон хардзтæй уæлдай, уаргъдзинæдты, стандартты иумæйагдзинад» – райхъусын кодта Филип Рикер.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны иукæны уый зонынад, цæмæй хъахъхъæнынц аргъдзинæдты иумæйагдзинад.
«Алы бæстæ æмæ алы культурæ индивидуалон сты, фæлæ нæм иумæ ис аргъдзинæдты иудзинад æмæ уыймæй альянсмæ нæуырнинаг тых æфты. Фæнды нæ цæмæй гуырдзыстон ацы къахдзæфтæ сараза. Ратсдæр уый тыххæй куыд хæлæрттæ æмæ партнертæ, тынг æргомзæрдæ стæм, куы ныхас кæнæм проблемæтыл, рекомендацитыл, ресурсты æмæ идеяты бадæттыныл, уымæ гæсгæ, цæмæй куыд фæфидардæр кæнæм уæ демократи. Ай у уыцы æрвитæггаг, кæцыйы абон æзт хæссын Гуырдзыстоны хицауадмæ. Уыдзæн мæм фадат фæныхас кæнон афтæдæр политикон оппозициимæ, æмбæстагон дзыллæимæ æмæ æцæгæй аргъ кæнын уымæн, цæмæй мæм лæвæрд æрцыд фадат, форумы хайад райсын» – райхъусын кодта Филип Рикер.