Фиксиргонд  интернеты абонентты  нымæц  милуаны онг сырæзт
Фиксиргонд интернеты абонентты нымæц милуаны онг сырæзт

2020   азы  фиксиргонд  интернеты  абонентты   нымæц  57 000-æй  сырæзт æмæ  милуанмæ ахæццæ ис,  дырысæй та  фиксиргонд  интернетæй  фæлхас кæнынц  998 000 абонент.

Коммуникациты  комиссийы  информацийæ,   фиксиргонд  интернеты  базарыл, абонентты  нымæц   фæстæмæ   динамионæй рæзгæ у  æмæ фæстаг æртæ азы мидæг   афæдзон   рæзты  темп, физикон уæнг абоненттæн  14%  у.

Афтæма  сæ информацийæ,   998 мин   абонентæй  фиксиргонд интернетæй фæдлхас кæнынц  950  мин хæдзарæй, уымæ гæсгæ дæр   райрæзтис  интернеты  пенетаци, кæцы  86%-æ ахæццæ ис. Банысан кæнынц хъæуы, цæмæй  2013 азы  интернет рæувадат уыд  45%-æн, абон та  ацы  бæрæггæнæн  фæдывæр ис.

«Нысаниуæгджын  æмæ  позитивон у уыцы факт ома, фиксиргонд интернеты  абонентты 84%  фæлхас кæнынц   оптикон технологийæ, æмæ ацы æрдгæй  Гуырдзыстон,  Европæйы акæнæг  28  бæстæйы  йæ фæстæ   фæуагъдта», – дзырдæуы  коммуникациты  комиссийы  информацийы.