Фермертæм уыдзæн фадат аренды сæм цы зæххы фадгуытæ ис уыдоны 25-процентон æргъцухæй балхæнын
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзнады министр, Натиа Турнавайы фидиуæнæй, фермертæн, кæцытæ азты дæргъы кусынц зæххы фадгуытæ, уыдзæн фадат, арæнды райсгæ зæххы фадгуытæ сæ аргъæй 25 процентæй асламдæр балхæнын.
Турнавайы дзырдæй, æмбæлгæ уынаффæ хицауад абоны рабадтыл рахаста.
«Абон хицауад рахаста тынг ахсджиаг уынаффæ, кæцы æнæмæнгæй фæрайын кæндзæн уыцы фермерты, кæмæндæриддæр зæххы фадгуытæ сты арæнды ист. Фыццаджы дæр уымæй фермертæм æфты фадат, спайда кæной барæй, зæхх балхæнын, бакусын æмæ ноджы фылдæр финасндзинад баласын банкæй, хицæн инвестицитæ, афтæма спайда кæной уыцы уæрæх паддзахадон программæты æнхъарæнæй, кæцы нын ис мах æмæ хъæууон хæдзарады министрадтæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, уый у тынг нысаниуæгджын» – райхъусын кодта Натиа Турнава.
Министры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны 2000-ы онг аренды исæг ис.