Федерика Моггерини – Гуырдзыстоны суверенитетæн фарсхæцын нæу æрмæст фидиуæн, ай у бынатыл нæ æрвылбойнон куысты бындур
Æддæ политикъæйы æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы архайæг бæрзонддæр минæвар, Федерика Моггерини Европарламенты пленаррон сессийыд, «Скæсæн Партнерады» тыххæй фæныхас кодта.
«Конфликттæ нырма нæ фæтар сты нæ континентыл. Æдасдзинады æрдгæй сырæзт уавæр Гуырдзыстоны, Хусаар Ирыстоны администрацион дихгæнæнг хаххы дæргъмæ, фæфыддæр ис фæстаг мæйты мидæг. Растдæр уый тыххæй рæзын кæнæм нæ мисиийы минæварад бынатыл. Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитетæм фарс хæцын, нæу æрмæст фидиуæн кæнæ принципты деклараци, ай у бынатыл нæ æрвылбйонон куысты бындур. Гуырдзыстон хæстæг æмæ æууæнкг партнер у æппæт сыхы. Уый тыххæй дæр нæ цæст нæ цъынд кæнæм, рискъытæ куы фæфиппайæм уæд, афтæ куыд абон уынæм закъоны сæйрагдзинады сферæйы реформæты фæстæмæ цыды рискъ Гуырдзыстоны» – райхъусын кодта Федерика Моггерини.
Европаралменты пленарон сессийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы Моггерини «Скæсæн Партнерады» евроцæдисы сеппæтæй нысауæгджындæр программæйæ схуыдта. Федерика Моггеринийы дзырдæй, «Скæсæн Партнерады» бындурæвæрдæй, 10 азы дæргъы ацы программæ фокусиргонд уыд геоплитикъæйыл нæ фæлæ адæмыл.
«Сæрыстыр дæн цæмæй уын уадзын сымахæн æмæ мæ ивæгæн дæр фидар бындур, «Скæсæн партнерады» фидæн саммитмæ æмæ æхсæз бæстæйы фидæнæн» – райхъусын кодта Федерика Моггерини дзырдæй ралæуды рæстæджы.
Юакой уын кæндзыстæм, Федерика Моггеринийы, æддæ политикъæйы æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары постыл, 1-аг декабрæй Джозеф Борелли фæивдзæн.