Фарнцы премьер-министр Габриел  Атал Ираклий Кобахидзейæн  постыл снысан кæныны фæдыл арфæ кæны
Фарнцы премьер-министр Габриел Атал Ираклий Кобахидзейæн постыл снысан кæныны фæдыл арфæ кæны

Францы  Республикæйы премьер-министр Габриел  Атал  Иракли Кобахидзейæн постыл снысан кæныны фæдыл арфæ кæны.

Арфæйы фыстæджы куыд  дзырдæуы  афтæмæй,  Франц æмæ Гуырдзыстоны  иу кæны европаг фидæн.

«Цытджын премьер-министр, фæнды мæ зæрдиагæй уын раарфæ кæнон  Гуырдзыстоны  хицауады сæрдарæй снысан æмæ уыимæ иумæ уын  стыр æнтыстджын куысты арфæтæ  зæгъон ацы ахсджиаг  æмæ кадджын миссийы сыххæсты  гуырдзиаг адæмы фарнæн.

Бæлвырд уын кæнын Францы Республикæйы  хицауады  хъæддых фæнд, иумæ  кусæм нæ бæстæты æмæ адæмты æхсæн  уæвæг   хæларон  ахастыты æмæ æууæнкы ноджы   фæарфдæр кæнынæн.

Гуырдзыстон сарызта  йæ  æвзæрст æмæ  хъæддых лæууы  Евроцæдисмæ фæндагыл.   Европаг Совет  ивгъуыд азы  кæрон,  рахаста уынаффæ  уæ бæстæйæн   раттаит  еворцæдисы уæнгтæм кандидат бæстæйы  статус æмæ равдыста  ныфс,  цæмæй  бæстæ  æнæфæзилгæйæ инклюзивонæй  сыххæст кæндзæн  уыцы  рекомендацитæ, кæцыты  комисси 2023 азы   8 ноябры   сбæрæг кодта. Сæрмагондæй та, демократон институтты æмæ æвзарæнон æрдз  стынг кæныны æрдгæй.   Францы æмæ Гуырдзыстоны,  раздæр куыд никуы  уыдис афтæ  тыхджын иу кæны европаг фидæн.  Ацы æрдгæй  мæ зæрдæ не хсайы  уæ  нысантырнындзинадмæ æмæ  уын ноджы иу хатт бæлвырд кæныны ацы  фæндагыл нæ æххæст  фарсдарын.

Гуырдзыстонæн Францимæ иу сæрмагонд  партнерад.  Уырнæг  ут, цæмæй мæ  хицауад  адарддæр кæндзæн Гырдзыстоны суверенитет æмæ  террторион æнæхъæндзинадæн æххæст æмæ  æнæуæлдайныхасæй  фарсхæцын  йæ æхсæнадæмонæй ныма арæнты.

Европæйыл информацийæ маницпляци куы ахæлиу ис  уый фоныл,  хæсджын стæм, адарддæр кæнæмæ æмæ ноджы стынгдæр кæнæм  нæ   æмгуыстад æмæ иумæйагæй бахъахъхъæнæм   нæ  иумæйаг хæзнатæ.

Ноджы уын  иу хатт арфæ кæнын цытджын премьер-министр  æмæ уын æнтыстджын уæд уæ куыст», –  банысангонд у  фыстæджы.