Фактытæ æмæ фототæ – 10 аз  августы хæсты фæстæ
Фактытæ æмæ фототæ – 10 аз августы хæсты фæстæ

412  фæмардуæвæг, сæ нымæцы 169  æфсæддон; 1747  фæцæфуæвæг; 130  мин тыхбын бынативгæ  уæнг, кæцытæй  30   мин абон  дæр  лыгъды  уæвынц; 35 мин  скуынæггонд хæдзар; зæххимæ  срастгонд  53  гуырдзиаг хъæу№ Уæрæсейы  æрдгæй  оккупацигонд  5  ком æмæ 125  хъæу; Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ  абоны онг  тыхбын сты  цæрын телтæй æмбондты иннæ  фарс,- алцыппæт  ай æрхаста  августы  хæст.  2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæстæй 10  азы  рацыд.

Гуырдзиаг   хъæуты  æрдæм  æхст  нырма ноджы  2008 азы   июлы  райдыдтой,  ситуаци  сæрмагондæй  фæкарз  ис  7 августы, бомбæтæ калд сырæзт   Нулы, Авневы, Присы, Дваны хъæуты,  кæцы фæдыл  7 августы æхсæвы  райдыдта  дзуаппон æхст.  8 августы  сæумæрайсом та,  Рукъы тунелы  уылты Цхинвалы регионмæ  æрбахызт Уæрæсейы  58-æм армий.

Гуырдзиаг  иугæндтæ,  кæцытæ Цхинвалы  хай  бацахстой, уырыссаг авиацийы  бырсты фæстиуæгæн фæстæмæ алæууыдсты. Уырыссаг авиаци   бомбæтæ  калдта  Гуры,  Поты  порты, Сенакы  æмæ  Марнеулийы  æфсæддон базæтыл, Вазианийы  базæйыл, авиацион заводыл æмæ  Квишианийы  хозыл  уæвæг радарыл.  Де-факто  режимты  кантролгонд  территоритæй уæлдай,   уырысаг æфсæддæттæ  афтæдæр бацахстой   Къодоры ком, Пот, Зугдид, Сенаки, Ахалгор, Гуры районы  цалдæр хъæу æмæ Сачхерейы  районы хъæу  Переу.

Интенсивон  хæцæн архйдтытæ аххæссыдысты  фондз бон.  Активон  хæцæн  архæйдтыты  фæуромын  та æрмæстдæр æхсæнадæмон   æмгарады  фæактивон кæныны  фæстиуæгæн абнтыст.

Хæсты  фæудæй  рæхджы,   Уæрæсе, Абхаз æмæ  «Хуссар Ирыстоны»  хæдбардзинад банымадта.

2008 азы   къухбафыст   æхсты фæурæды   фæдыл  бадзырды   официалон Мæскуы, абоны онг  не  ххæст кæны.