Фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, майы, паспорттæ æнæфидгæйæ райсдзысты
Фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, фыццаг майæ фыццаг июны онг, архайæг Гуырдзыстоны æмбæстагы биометрикъон паспорт æнæфидгæйæ райсдзысты. Уы тыххæй информацийы хъусын кæны Юстицийы министрад.
«Паспорт æнæфидгæйæ райсын нысаниуæгджын уæлидзинад у, фæсарæнты уæвæг не æмбæстонтæн. Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ кæцытæ фæсарæнты сты æмæ сын æмгъуыдивгъуыд паспорттæ ис, не сын нтысы арæныл ахизын æмæ æндæр барадон процедурæтæ сæххæст кæнын, сæ нымæцы æвзарæнон бары реализаци. Юстицийы министрады акцийæ спайда кæнын ацы проблемæты аскуыддзаг кæндзæн» – банысангонд у юстицийы хæдзары ахæлиугонд информацийы.
Биометрикъон паспорт райсынæн фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн сæ бон у, куырдиат бавдисын фæсарæнты Гуырдзыстоны дипломативон минæварадты кæнæ консулон уагдæттæм.
Банысанкæнинаг у, цæмæй фæсарæнты уæвæг 12-æй 18 азы онг кары æнахъомтæн æмæ æххæстаздзыд уæнгтæн, кæд иу хатт уæддæр райстой Гуырдзыстоны æмбæстагы биометрикъон паспорт, сæ биометрикъон бæрæггæнæнтæй фæлхатгæ спайда кæнын у сæ бон. Ног биометрикъон паспорты адæттыны нысанæй, сæ бон у хæдзарæй æнæрацæугæйæ адзурой паддзахадон сервисты райрæзты агентады дистанцион лæккады куыстмæ æмæ электронон формæйæ саразой куырдиат биометрикъон паспорт райсты тыххæй.