Фæсарæнты уæвæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ  майы, Гуырдзыстоны æмбæстагы  паспорт æнæфидгæйæ райсдзысты
Фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ майы, Гуырдзыстоны æмбæстагы паспорт æнæфидгæйæ райсдзысты

Фæсарæнты уæвæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ,  майы, Гуырдзыстоны æмбæстагы паспорт бынтон æнæфидгæйæ райсдзысты. Уый фæдыл   Гуырдзыстоны юстицийы  министр Тея Цъулукиани, парламенты   пленарон  рабадтыл дзырдæй  ралæуды  рæстæджы райхъусын кодта.

Министры дзырдæй,  акци  иу мæй  аххæссдзæн.

«Фарон нын акци уыд консуладты, фæсарæнты  уæвæг   нæ  æмбæстонтæн æмæ гоймагы уыцы æвдисæндар кæцы сегасæй ахсджиагдæр у  уыдонæн – уый у  гоймагы электронон æвдисæндар нæ фæлæ – паспорт,  лæвæрд цыдис  50 доллары аргъæй. Уый у  ацы  документы  аргъы  70 процентон æргъцух  æмæ ацы акцийæ  спайда кодтой 5000  гоймаг.

Фæлæ нырид мæ бон у  зæгъын, цæмæй  Гуырдзыстоны  хæдбардзинады  бон цы мæййы вæййы –  кæнæ  зæрдæвæрæны,  æнæхъæн  мæй  æмæ  мæ   ныфс ис фæсарæн хъуыддæгты  министрадæй,  нæ æмбæстонтæн, Гуырдзыстоны  æмбæстагы  паспорт  лæвæрд æрцæудзæн æнæфидгæйæ – уый  уыдзæн ноджы иу  акций», –  райхъусын кодта Тея  Цъулукиани.

Афтæма, юстицийы  министр    парламенты   ралæуды рæстæджы  ноджы  иу   акцийы  фæдыл   фæныхас кодта,  кæцы  гæххæттæй  гоймагы æнæмгъуыд  æвдисæндар кæмæн ис, уыцы æмбæстæгтæм æххæссы.   Министры  дзырдæй,  уыцы  æмбæстаг, кæцымæ  гæххæттæй  гоймагы  æнæмгъуыд æвисæндар ис, Гуырдзыстоны æмбæстагы  паспорт æмæ  гоймагы  электронон  æвдисæндар, цæугæ азы  фыццаг апрелæй   фыццаг  майы онг   бынтон  æнæфидгæйæ райсдзæн.

Гуырдзыстоны  ахæм ис  401 000 æмбæстаг.