Фæсарæн хъуыддæгты уагдон – фауæм оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. президентон æвзæрстытæ
Фæсарæн хуъыддæгты министрад фауы 10 апрелы оккупацигонд Цхинвалы регионыХуссар Ирыстоны ацæугæ а.х. президентон æвзæрстытæ – уый фæдыл фидиуæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыдæгты министрад хъусын кæны.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй фæнысангонд архайд у Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинады ныхмæ Уæрæсейы Федекрацийы радон æнæзаконон акт, кæцы æххæстæй йæ ныхмæ у æхсæнадæмон барады нормæтæм æмæ принциптæм.
«Ахæм провокацион архæйдтытæн сæ нысан у Гуырдзыстоны регионты æнæзаконон оккупацийы æмæ гуырдзыйæгты ныхмæ сæххæст этникон ныссыгъдæджы легитимаци.
Гуырдзыстоны дыууæ æнæдихаг регионы æнæзаконон оккупаци æмæ оккупацион тыхты æрдгæй бынатыл сæххæст эффектджын контролы уавæрты фæнысангонд æвзæрстытæ ницы барадон фæтсиуæг уыдзæн. Уыимæ иумæ, ницы барадон фæстиуæгы æрхæссæг уый Цхинвалы оккупацион режимы рагафон бавдыст а.х референдумæн Уæрæсейы Федерациимæ баиу кæныны фæдыл,к æцы анексийы æрдæм арызт радон æнæзакъонон къахдзæф у.
Фæсарæн хъуыддлæгты министрад сиды Уæрæсейы Федерацимæ, цыт скæнæт Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, сыххæст кæнæт йæхимæ цы æхсæнадæмон хæстæ райста уыдон, уый нымæцы Евроцæдис ыæхсæныбацыдæй æвæрд 2008 азы 12 августы хст фæурæды фæдыл бадзырд, æмæ фæивæт æнæзакъонон уынаффæ оккупацигонд территориты а.х. хæдбарады банымады фæдыл.
Сидæм æхсæнадæмон æмгарадæй, æмбæлгæ аргъ скæнæт æмæ архайадон реакци скæнæт Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад агайыны æрдæм арызт æнæзаконон къахдзæфыл» – банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты уагдоны фидиуæны.