Фæсарæн хъуыддæгты министрад Женевæйы бадзырдты 65-æм туры фæдыл расидæн парахат кæны
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад Женевæйы æппæтунеон бадзырдты 65-æм раунды фæдыл расидæн рапарахат кæны.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, бадзырдты рæстæджы Гуырдзыстоны делегаци фылдæр хъусдард аздæхта Уæрæсейы æххæстæй æххæст кæна йæ хæстæ æхсты фæурæды бадзырдмæ гæсгæ æмæ мидæггагон æрцæуæггæгтæ æмæ лыгъдæтты æдас æмæ намысджынæй æрыздахын сæ хæдзæрттæм.
Гуырдзиаг фарс карзæй сывæрта окупиргонд териториты фарста, регионты уæззау, æдасдзинады, гуманитарон æмæ адæймаджы барты уавæр æмæ оккупацион режимты деструктивон архæйдтытæ. Фæстаг рæстæджы архæйдтыты фæдыл тыхстдзинад расидтис, куыд Сухумы аэропорты æнæзакъонæй байгом кæнын, æппæтунеон барады фундаменталон принциптæ æмæ нормæты хæлдæй, регулярон рейсты райдайæн, æмæ Уæрæсейæ Сухумы онг æфсæнвæндагон æмæ денджызон бæлццæтты змæлды райдайæн.
Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдтæ арæзт æрцыдысты 2008 азы Евроцæдисы æххуысæй бадзырдæн дзуаппæн. «12-æм августы æхсты фæурæды бадзырдыл бындурæвæрдæй, сæйраг æркæсинаг фарстатæ сты æхсты фæурæды бадзырды сыххæст, мидæггагон æрцæуæггæгтæ æмæ лигъдæтты æдас æмæ аккагæй сæ хæдзæрттæм æрыздæхт, афтæ дæр Уæрæсейы оккупацийы фæстиуæгæн арæзт æдасдзинады æмæ гуманитарон проблемæтæ» -ис фыст Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны.