Фæсарæн хъуыддæгты министрад - Уæрæсейы архæйдтытæ зиан хæссынц Европæйы архитектурæйæн æмæ уагъд сты дестабилизацийы æрдæм
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад фауы оккупацигонд Цхинвалы регионы æнæзакъонон æфсæддон къордты Уæрæсейы гарзджын тыхты сконды баиу кæныны фæдыл а.х. бадзырды Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон думæйы æрдгæй ратификацийы.
Гуырдзыстоны дилпломативон уагдоны фидиуæнæй, фæнысангонд у, Гуырдзыстоны регионты Абхазийы æмæ Цхинвалы регионы фактон анексийы æрдæм уагъд радон æнæзаконон архайд, Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй, кæцы бынтон ницæмæ дары æхсæнадæмон барады фундаментон нормæты æмæ принципты.
«Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон системæйы интеграцийы фæндагæй, Мæскуы тызмæг халы Евроцæдисы æхсæныбацыдæй 2008 азы 12 августы æвæрд æхсты фæурæды фæдыл бадзырд. Ноджы фылдæр сæзнæткæнинаг у уыцы факт, цæмй Уæрæсейы Федераци фæстæмæ нæзагъд кæны, сиса æмæ сæххæст кæна хæсист тыхæй æнæспайдайы фæдыл æмæ барæй куылымпы кæны бынатыл æдасдзинады æхсæнадæмон механизмы æрфидар кæнын.
Ахæм провокацион къахдзæфтæй Уæрæсейы Федераци архайы, фæкуылымпы кæна конфликты сабырадонæй аскуыддзаг кæнын æмæ Женевæйы æхсæнадæмон бадзырды прогрессмæ баххæссын. Уымæй фылдæр, Уæрæсейы архæйдтытæ зиан хæссынц Европæйы æдадзсинады архитектурæйæн æмæ здæхт у æппæт регионы уавæры дестабилизацийы æрдæм.
Сидæм Уæрæсейы Федерацимæ, фæурома провокацитæ, сæххæст кæна йæхимæ цы æхсæнадæмон хæстæ æмæ 2008æ-м азы 12 августы æхсты фæурæды бадзырды алы домæн, уый нымæцы, йæ æсæддон иугæндты Гуырдзыстоны территоритæй акæныны фæдыл.
Афтæдæр курæг стæм æхсæнадæмон æмгарадмæ, æмбæлон арг скæна Уæрæсейы дардыл æххæссæг агрессивон политикæ æмæ архайадон мадзæлттæ райса, цæмæй йæ ныхмæ слæууа оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты цæугæ æнæзаконон процесстæн» – дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Оккупацигонд Цхинвалы æнæзаконон æфсæддон къордты Уæрæсейы гарзджын тыхты скондмæ баиу кæныны фæдыл а.х. бадзырды ратификаци, Уæрæсейы думæ абон скодта.