Фæсарæн хъуыддæгты министр, Мака Бочъоришвили, Иугонд Паддзахады уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гарет Уордимæ фембæлд
Фæсарæн хъуыддæгты министр, Мака Бочъоришвили, Иугонд Паддзахады уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гарет Уордимæ фембæлд

Фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Гуырдзыстоны Иугонд Паддзахады уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гарет Уордимæ фембæлд.

Фарсытæ дыууæ бæстæйы æхсæн ахастыты динамикæйыл фæныхас кодтой. Ацы контексты фæсарæйнаг хъуыддæгты министр бахахх кодта, цæмæй Иугонд Паддзахады æххæстгæнæг æмæ закъондæттæн органты минæвæртты фæстаг рæстæджы расидæнтæ æмæ къахдзæфтæ, се æхсæн Гуырдзыстоны æмбæстæгты ныхмæ санкциты æвæрд, аууон æвæрынц Гуырдзыстон æмæ Иугонд Паддзахады æхсæн стратегион партнерад æмæ хæлардзинадыл æмæ арæх здæхт сты Гуырдзыстоны мидполитикон процесстыл æндавынмæ.

Дискусси æххæст кодта Гуырдзыстоны закъондæттæн ногдзинæдтæ фæсарæйнаг финансирдзинады фæдыл. Минæвар бамбарын кодта, цæмæй ног закъондæттынадæн æмбæлон уагæвæрды райрæзты процесс ис кæронбæттæн этапыл æмæ æппæт цымыдисгæнæг фарсытæн æвæстиатæй лæвæрд æрцæудзæн æнæмæнгхъæугæ информаци.

Гуырдзыстоны цæугæ процесстыл дзургæйæ, фæсарæн хъуыддæгты министр банысан кодта, цæмæй ма хъуамæ уа барадон процессты политизаци æмæ афтæмæй рæстады процессыл æндавыны фæлварæнтæ ма хъуамæ уа.

Дискусси баххæсыд регионы æдасдзинады фарстатыл æмæ ацы контексты бахахх кодтой бæстæйы стабилондзинад æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддаджы паддзахадон институтты æмбæлон функционирдзинады нысаниуæг.