Фæсарæйнаг медиайы хуъсинагæй, АИШ, Украинайæн æмæ  ноджы 18 бæстæйæн,  сæ нымæцы  Гуырдзыстонæн, 2 миллиард  доллары æфсæддон  æххуыс рауæлдай кæндзæн
Фæсарæйнаг медиайы хуъсинагæй, АИШ, Украинайæн æмæ ноджы 18 бæстæйæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн, 2 миллиард доллары æфсæддон æххуыс рауæлдай кæндзæн

АИШ-ы  президент, Джо Байдены  админситраци  æфсæддон æххуысы  хуызæй  2 миллиард   доллар   рнауæлдай кæндзæн   Украинайæн  æмæ  Уæрæсейы агресийы  раз  лæууæг  18 бæстæйæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн.

Агентад  «Эсошиэйтед Пресс» куыд фыссы  афтæмæй, украинаг   бæрзонд гæстимæ фембæлды рæстæджы   Блинкен райхъусын кодта,  цæмæй Байдены администраци  Конгрессæн фехъусын кодта, цæмæй  дæргъвæтин  фæсарæйнаг  æфсæддон  æххуысы æххуысы хуызæй  2 миллиард  доллары рауæлдай кæнын  хъавы Украинайæн æмæ йæ 18 сыхагæн, уый нымæцы  НАТО-ы  уæнгтæн  æмæ  регионон партнертæн, кæцытæ  уырыссаг агрессийы сеппæтæй стыг  потенцион рискы раз лæууынц.

Агентад паддзахадон департаментыл æнцойæ  куыд фыссы,   фæнысангонд  суммæйæ  иу   миилиард  доллар  рауæлдай кæндзысты Украинайæн, иннæ тæ та  Гуырдзыстонæн, Молдовæйæн,  Албанийæн, Босни-Герцоговинæйæ, Мотенегройæн, Цæгат  Македониæн, Коссовойæн, Хорватийæн,  Грецийæн, Болгарийæн, Чехийæн, Эстони, Латви, Лиетувæйæн, Польшæйæн, Румынийæн  Словакийæн  æмæ Словенийæн.

Фæнысангонд суммæ баххуыс уызæн ацы бæстæтæн  фæуромой  æмæ  бахъхъæной сæ суверенитет æмæ   территорион æнæхъæндзинады раз  сæвзæргæ   тасæй  НАТО-имæ сæ  æфсæддон   интеграци стынг кæнынæй æмæ Уырыссаг æндæвдады æмæ агрессийæн  ныхмæлæугæйæ.

«Ацы æххуыс ноджы иу хатт æвзæрын кæны æнæфæцудгæ   фарсхæцын  Украинайæн, куыд демократон, суверенон æмæ хæдбар  паддзахады фидæнæн, афтæма  регионы æмцæдисонты æмæ   патнерты æдасдзинадæн» –   банысан кодтой паддзахадон департаменты.