Фæсарæйнаг финансдзинады æргомдзинады фæдыл, «Картули Оцнеба» бавдисдзæн закъондæттæн инициативæ
«Картули Оцнеба» фæсарæйнаг æндæвдады фæдыл закъонопроекты ногæй бавдисдзæн. Уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер Мамука Мдинарадзе «Картули Оцнебайы» офисы уагъд брифингыл райхъусын кодта.
Мдинарадзе куыд райхæлдта афтæмæй, закъонопроекты термин фæсарæйнаг агент ивд æрцæудзæн æмæ бавдыст уыдзæн ахæм вариант – «фæсарæйнаг тыхы интересты уадзæг организаци».
Мдинарадзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, бæстæйы æдасдзинадæн, æнæмæнгхъæугæ у, æмбæстагон секторы финансдзинады гуырæнтæ уа æргом. Уый тыххæй, Мдинарадзейы фидиуæнæй, парламентон фылдæртæ рæгъмæ рахастой проект «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл».
«Закъонопроект йæ хъуыдыйы дары иунæг домæн – фæсарæйнаг финансдзинад исæг организацитæ, сæрмагонд æрвылазон финансон хыгълæвæрды публикаци кæной, кæцыйы халыны тыххæй уыдзæн рæмæст финансон санкцитæ. Уый у æхсæнады раз бæрнондзинады æмæ æргомдзинады минималон стандарт, кæцымæ æмбæлон хъуамæ уа намысджындзинадыл фæнды формалон претензитæ кæмæ ис ахæм организацитæ иууылдæр. Уымæ гæсгæдæр, закъонопроекты апп критикæйы минималон бындур дæр нæ дæтты. Закъон цæугæ сессийы кæронмæ уыдзæн ист æртæдæр байхъуыстæй» – райхъусын кодта Мдинарадзе.
Йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, зæгъгæ доннортæ та нæй дзурынц информаци бавдисыныл, цæмæй кæй æмæ цæй тыххæй финанс кæнынц Гуырдзыстоны.
«Паддзахады суверенон бар æмæ бæрн у, адæмæн æмæ йæ демократон мандатæй ифтонггонд хицауады, сифтонг кæны информацийы рæувадатдзинад фæсарæйнаг финансдзинады фæдыл. Фарон радикалон оппозици, «Энджеотæ» æмæ сæ лобисттæ барæй фæкъуыхцы кодтой фадыгон дискусси закъонопроекты фæдыл, уымæн æмæ сæхæдæг алкæмæй хуыздæр зыдтой цæмæй зæгинаг сын ницы уыдис æмæ алы с æ а.х. аргумент уыдис зыбыты гæдыдзинад. Ацы аз алчи тыхыбын бауыдзæн фадыгон дискуссимæ æрбахиза, кæцы дзыллæйæн равдисдзæн, цæмæй цы масштабы гæдыдзинадæй æрзылдысты уыдон гуырдзиаг дзыллæйыл. Закъон «Фæсарæйнаг æндæвадады æргомдзинады фæдыл» дæргъвæтин перспективæйы рагфæдзæхст кæндзæн бæстæйы змæстыты аразгæйæ сцырын кæныны ахæм архæйдтытæй, кæцыты рацæуын бæстæ тыхыбын баис 2020 азæй. Суверенитеты, сабырдзинады æмæ стабилондзинады бахъахъхъæнын нæ сæйраг бæрн у гуырдзиаг паддзахады æмæ дзыллæйы раз».