Фæсарæйнаг æмбæстаг ахст у стыр суммæйы мæнг æхцайы реализацийы  тыххæй
Фæсарæйнаг æмбæстаг ахст у стыр суммæйы мæнг æхцайы реализацийы тыххæй

Ауагъд оперативон-сгарæн мадзæлтты æмæ фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны финансты министрады фæдагурæн куысты кусджытæ фæсарæйнаг æмбæстаджы стыр суммæ контрафакт æхцайы ауæй кæныны факты тыххæй æрцахстой.

«Фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй азымгонд, æнæзакъонæй материалон пайда райсыны тыххæй, Аджарайы регионы апарахат кодта 74 мæнг 100 доллары купюрæйы, æдæппæтæй 7400 АИШ доллары», — фехъусын кодтой Фæдагуырды службæйы.

Сæ ныхæстæм гæсгæ, слестгæнæн архайдтыты фæстиуæгæн æххæстæй ист æрцыдысты мæнг купюрæтæ.

Фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны уголовон кодексы 212-æм статьяйы 2-æм хаймæ гæсгæ, кæцы æфхæрды формæ æмæ мадзалæй авдæй дæс азы онг ахæстоны фæбадын йæ зæрдыл дары.