«Фæсайдтат нæ? Аппардзыстæм уæ!» - ахæм слоганæй Тбилисы параллелонæй, протестон акцитæ цæуынц цалдæр æндæр горæты
«Фæсайдтат нæ? Аппардзыстæм уæ!» – ахæм слоганæй Тбилисы параллелонæй, протсетон акцитæ цæуынц цалдæр æндæр горæты.
Пропорцион æвзарæнон системæйы ф æдыл проекты фæкъуыхцы, протест кæнынц Батумы Европæйы фæзыл, æнæхицауадре организациты минæвæрттæ æмæ æмбæстаг активисттæ.
Акци цæуы Кутаисы центарлон фæзыл дæр.
Акцийы хайадисджыты дзырдæй, пропорцион системæйы фæдыл закъонопроекты фæкъуыхцы кæнын, парти «Гуырдзиаг Бæллицц- Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдары Бидзина Иванишвилийы развæлгъау фыст сйценаримæ гæсгæйæ æрцыд.
Æрымбырдуæвджытæ дзурынц, цæмæй Иванишвилийы партийы хицауады бадын хъуамæ фæуа. Акцийы хайадисджытæ æхсæнадмæ сидынц, протестмæ баиу уой.
«Гуырдзиаг Бæллицц ацы ныфсæвæрд дæр, æндæртæ куы æххæст кодта афтæ. Уый тыххæй дæр афон у, кæрон скæнæм гæдыныхæстæгæнæг хицауады хицаудзинад» – райхъусын кодта змæлд «Уæрæсе оккупант у»-ы иуæй-иу активист Гиорги Гвелесиани.
Акцийы хайадисджытæ Кутаисы центры, мерийы цур уыцы депутатты номхыгъд бакастысты, кæцытæ конституцион ивдтытæн йæ фарс нæ рахæцыдысты. Активисттæ уыцы номхыгъд демонстрационæй басыгъдтой.
Æмбæстæгтæ æрымбырд сты Зугдиды дæр, мажоритар депутат Мераб Квараиайы бюройы раз. Акцийы хайадисджыты дзырдæй, мажоритар депутат Мераб Квараиа йæхæдæг уыд пропроцион æвзарæнон системæйы закъонопроекты иуæй-иу инициатиор, фæлæ халæппæрсты хайад нæ райста, цæмæй ивдтытæ фæкъуыхцы уыдаиккой. Зугдиды акци ныридæгæн фæцис.