Фæндæгты хæдзарады департамент – Жинвал-Барисахо-Шатилийы фæндагыл змæлæн цъитийы æрбайсæфыны тæссагдзинад стыр у, цæй тыххæй дæр 22:00 сахатæй 08:00 сахатмæ алы типы хæдтулгæты змæлд арæнæвæрд у
Фæндæгты хæдзарады департамент – Жинвал-Барисахо-Шатилийы фæндагыл змæлæн цъитийы æрбайсæфыны тæссагдзинад стыр у, цæй тыххæй дæр 22:00 сахатæй 08:00 сахатмæ алы типы хæдтулгæты змæлд арæнæвæрд у

Тыхджын къæвдайы тыххæй, Жинвал-Барисахо-Шатилийы националон фæндаджы 96-æм км-ыл (хъæу Гиоргицъминда) змæлæг къæдзæхы раивыны стыр тæссагдзинад ис, цæй тыххæй дæр бæрæг рæстæгмæ алы хуызы хæдтулгæты змæлд у арæнæвæрд, фехъусын кодтой фæндæгты хæдзарады департаменты.

«Æдасдзинады аххосæгтæм гæсгæ, алы хуызы хæдтулгæты змæлд арæнæвæрд у нысангонд хайы 22:00 сахатæй 08:00 сахаты онг. Уæдмæ та бон æмæ æхсæвы æрмæстдæр æнæфæндагон хæдтулгæтæн ис бар змæлын», — дзырдæуы Фæндæгты департаменты информацийы.