Фадынæгы ахæлиуы  коеффициентæй, Гуырдзыстон Дунейы  3-аг бынатыл ис
Фадынæгы ахæлиуы коеффициентæй, Гуырдзыстон Дунейы 3-аг бынатыл ис

Æнæнизхъахъæды Дунейы организаци публикаци скодта 2018  азы  фадынæгы  ахæлиуы  бæлвæрд  ьæрæггæнæнтæ. Низы  ахæлиуы  коеффициентæй, Гуырдызстон дунейы  æртыккаг   бантыл  ис. Январы  публикацигонд   статистикæйы  Гуырдзыстон 5-æм  позицийы  ахста.

ДЗырдæуы   фадынæгы   рабæрæгы  уынинагыл иу  милуан  цæрджытыл.  Гуырдзыстоны  2018 азы  фæрынчыны  2023  цау  сфиксир ис (коеффициент  561.22).

Гуырдзыстонæй   фылдæр коеффициент уыдис æрмæстдæр Украинæ æмæ Сербимæ. Украинæйы  ивгъуыд  азы  53 218  цау  рабæрæг ис (коеффициент  1197.56) Сербийы та   5076 цау (коеффициент  575.5).

АБон низты  кантролы  националон  центры   къухдариуæггæнæг  Амиран  Гамхърелидзе  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   цæугæ  азы  фыццаг   январæй,   абоны онг Гуырдзыстоны  фадынæгæй   инфицирдзинады  2065 цау  сфиксир ис, кæцы  фылдæр у  ивгъуыд  азы  æнæхъæн  бæрæггæнæнтæй. «Фадынæгы эпидстынд дарддæр кæны, фæлæ  рæзты  нысаниуæгджын динамикæ  нæй» – райхъусын кодта  Амиран Гамхърелидзе.