ExpoGeorgia-йы 11-æм павильоны байгом 17-æм æхсæнадæмон сæн æмæ карз нозты равдыст WinExpo Georgia 2025
Гуырдзиаг сæны рауагъдад бынæттон базарады рапарахат кæныны паддзахадон программæйы фæлгæтты, 6-æм июны байгом ис 17-æм æхсæнадæмон сæны æмæ спиртты равдыст WinExpo Georgia 2025.
«Программæйы фæлгæтты æнæхъæн Гуырдзыстоны уагъд цæуынц сæны равдыстытæ, конкурстæ æмæ фестивалтæ, кæцы нысаниуæгджын у сæны туризмы æмæ сæны фæлхасгæнæг культурæйы потенциал фæбæрзонддæр кæнынæн.ВинЭкспо Гуырдзыстоны 2025 равдысты организаци кæны ExpoGeorgia Exhibition Center æмæ дзы хайад исынц 200-йы бæрц компани дунейы авд бæстæйæ (Германи, Сомыхыстон, Австри, Итали, Франц, Португали, Турк).
Равдыстмæ бабæрæг кæнынц сæны профессионалтæ дунейы алы бæстæтæй. Арæзт æрцæудзæн сæрмагонд мадзал, WinExport FORUM, цы ран дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæты импортертæ гуырдзиаг сæндуæттæм фембæлдзысты. Равдысты фæлгæтты уагъд æрцæудзæн 15-æм æхсæнадæмон сæны конкурс, Гуырдзыстоны æхсæнадæмон сæны преми, кæцыйы жюрийы сконды сты дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæты зындгонд сæны эксперттæ. Конкурсмæ балæвæрдтой 200 дæнцæджы бæрц. Уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты авд категорийæ æмæ схорзæхджын уыдзысты сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ майдантæй», – ис фыст сæны националон агентады фидиуæны.