Евроуынынады 2025 азы дыккаг æрдæгфиналы дæс бæстæйы ис
Евроуынынады 2025 азы дыккаг æрдæгфиналы дæс бæстæйы ис

Абон Базелы Евроуынынады 2025-æм азы дыккаг æрдæгфинал сырæзт, цы ран кæсджыты раз 16 бæстæйы минæвæрттæ рацыдысты.

Кæсджыты уынаффæмæ гæсгæ финалмæ ахызтысты 10 бæстæйы: Лиетувæ, Израиль, Армени, Дани, Австри, Люксембург, Финлянди, Латви, Мальта æмæ Греци.

Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ, æрдæгфиналæй кæронбæттæнмæ чи ахиза, уый скъуыддзаг кæны æрмæстдæр сценæмæкæсджытæ, жюри та хъæлæс кæныны нæ архайы.

26 бæстæ зардзысты Евроуынынады 2025 азы финалы. Фыццаг æрдæгфиналæй фыццаг дæс бæстæйы, абоны концертæй дыккаг дæс бæстæйы финалмæ ахызтысты, финалмæ та автоматонæй ахызтысты «Стыр фондз» бæстæтæ æмæ фысым бæстæ Швейцари.

Мариам Шенгелия Гуырдзыстоны номæй ахъаз кодта ацы азы Евроуынынады зарæг «Сæрибардзинад»-æй.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал 17-æм майы «Евроуынынад 2025»-ы финал равдисдзæн.