Евроуынынад 2023-ы фæуæлахиз ис Швеци

Стыр Британийы  цæугæ финалон  концертыл Евроуынынад 2023-ы  уæлахиздзау   фæбæрæг ис.  Уæлахизгонд бæстæ  ссис  Швеци – Loreen, зарæгимæ  Tattoo, кæцы æмтгæй райсгæйæ   583 баллы  рымбырд кодта.  Уымæ гæсгæ  дæр   фидæны Евроуынынады  фысым бæстæ уыдзæн   Швеци.

Банысан кæнинаг у  уый æмæ   Loreen Евроуынынады  конкурсы уæлахиздзау  дыккаг хатт ссис.  Фыццаг  хатт уый Евроуынынадыл  2012  азы фæуæлахиз ис.

Гуырдзыстонæй  жюрийы  сегасдæр бæрзонд аргълæвæрд -12 баллы  лæвæрд уыд Бельгимæ, кæцы æвдæм бынат бацахста.

Фыццаг æмæ  дыккаг æрдæгфиналолн туртæй  финалмæ  20 бæстæйы минæвар ахызтис: Австри, Португали, Швейцари, Польшæ, Чехи, Серби, Кипр, Швеци, Албани, Эстони, Финлянди, Автсрали, Бельги, Сомихыстон, Молдовæ, Норвеги, Лиетувæ, Израил, Словени æмæ Чехи.

Евроуынынады финалы 20 финалистимæ иумæ  «стыр фондзы» бæстæтæ-  Франц, Стыр Британи,  Германи, Итали æмæ Испани  æмæ раззаг азы  уæлахиздзау Украина уыдысты.

Гуырдзыстоны минæвар Иру  конкурсæй  æрдæфиналæй    рацух ис.  Зарæггæнæг   конкурсы  дыккаг æрдæгфиналы  кæсджыты  раз  рацыд зарæгимæ «Echo».

2023 азы евроуынынадыл, ацы азы  фæткæвæрдмæ гæсгæйæ,  æрдæгфиналæй  финалмæ ахизын  æрмæст кæсджытæ  хъуамæ аскуыддзаг кодтаиккой æмæ  жюри  хайад нæ иста  хъæлæскæныны.

Финалон  шоутыл та  адæмимæ иумæ,  жюри дæр  уыдис хъæлæскæнынады баст.

 

Финалон фæстиуджытæ ахæм  уыдысты:

Евроуынынады  концертты  комкоммæ трансляци  кæсджытæн  равдыста   Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.