Евросоветы парламентон ассамблейы бæрнонтæ Эдит Эстрелла æмæ Сабина Чудич Гуырдзыстоны фæдыл расидæн парахат кæнынц
Евросоветы парламентон ассамблейы бæрнонтæ Эдит Эстрелла æмæ Сабина Чудич Гуырдзыстоны фæдыл расидæн парахат кæнынц

Евросоветы парламентон ассамблейы бæрнонтæ, Эдит Эстрелла (Португали, SOC) æмæ Сабина Чудич (Босни æмæ Герцеговинæ, ALDE) Гуырдзыстоны фæдыл расидæн парахат кæнынц. Расидæн Евросоветы парламентон ассамблейы веб-фарсыл рапарахат ис.
Расидæнмæ гæсгæ, æмхæсджытæ хицауадмæ æрсидтысты, æххæстæй сæххæст кæной Венецийы къамисы рекомендацитæ «фæсарæйнаг агентты» закъондæттынадыл æмæ административон фæткхалæнты кодексы фæдыл. ПАСЕ-йы делегацийы уæнгтæ Гуырдзыстоны хицауадмæ сидынц, оппозицион партиты æмæ сæ лидерты ныхмæ политикон мотивацигонд барадон архайдтытæ æвæстиатæй фæуромой.
Уыдон ма равдыстой арф тыхстдзинад, фæстаг рæстæджы оппозицион партиты лидерты ныхмæ цы  аххосæгтæ æвæрд æрцыд, уыдоны тыххæй, кæцытæн гæнæн ис æмæ æрцæуой дæргъвæтин ахæстоны фæбадыны тæрхон паддзахады ныхмæ фыдракæндты аххосæгтæм гæсгæ.
«Ацы аххосæгтæ бæрæгæй сты политикон мотивацигонд æмæ сæ хъæуы æркæсын фæстаг рæстæджы конституцион тæрхондонмæ Гуырдзыстоны цалдæр оппозицион партийы тобæ кæныны фæдыл бавдыст тæрхонтимæ иумæ.Ахæм архайдтытæн бынат нæй демокративон æхсæнады.Сидæм хицауадмæ æруромой ацы архайдтытæ, кæцытæ эффективонæй Гуырдзыстоны диктатурæ æрфидар кæнынц», -банысан кодтой æмхæсджытæ.