Европарламенты резолюци – Венгрийы хицауад тæссаг у Евроцæдисы аргъдзинæдтæн, институттæн æмæ фондтæн
Венгрийы хицауад тæссаг у Евроцæдисы аргъдзинæдтæн, институттæн æмæ фондтæн, – уый фæдыл дзырдæуы Европарламенты ист резолюцийы. Æмбæлгæ документæн схъæлæс кодтой 345 европарламентари, 104 рацыдысты йæ ныхмæ, 29 та сæхи фæурæдтой.
Резолюцийы хаххгонд у Евроцæдисы институтты æмæ аргъдзинæдты хъахъъæды æнæмæнгхъæуындзинад Евроцæдисы советы Венгрийы сæрдариуæгы рæстæджы.
Европарламет фауы Венгрийы хицауады барæй, иудадзыг æмæ систематон тыхархайд, кæцы у Евроцæдисы фундаментон аргъдзинæдтæн сæ бын ракъахынæн.
Резолюцийы депутаттæ сагъæстæ æвдисынц Венгрийы демократийы, закъоны сæйрагдзинады æмæ фундаментон барты фæлæмæгъ кæныны тыххæй, сæрмгаондæй та, амæйразмæ ист «националон суверенитеты хъахъхъæды» закълондæттынады тыххæй, кæцыйы сбарстой Уæрæсейы «фæсарæйнаг агентты закъонимæ».
Европарламентаритæ фауынц, премьер-министры, Виктор Орбаны архæйдтытæ, кæцы ивгъуыд декабры блок сæвæрдта Евроцæдисы дæргвæтин бюджетыл, Украинайæн æххуысы пакетимæ иумæ. Фæнысангонд архайд резолюцийы аргъгонд у, куыд Евроцæдисы стратегион интерестæн абсолютон æнæцыт æмæ халындзинад. Европарламенты уæнгтæ банысан кодтой, цæмæй Евроцæдис ма хъуамæ бакома шантажæн.
Уыимæ, европарламент хъыгдзинад æвдисы Еврокомиссийы уынаффæйы тыххæй, кæцы сыхæлдта блок Венгрийæн салд фондтæй 10,2 миллиард Евройыл уымæ нæкæсгæ, æмæ Венгри нæ сыххæст кодта тæрхондоны хæдбарады реформæ.
Европарламенты уæнгтæ афтæма дызæрдыг кæнынц, бафæраздзæн æви нæ Венгрийы хицауад йæ хæстæ сыххæст кæндзæн 2024 азы дыккаг æрдæджы, Венгри Евроцæдисы Советы сæрдариуæгмæ куы æрывналдзæн. Европарламентаритæ банысан кодтой, цæмæй кæд Европаг советы президенты пост вакантон уыдзæн, йæ æххæстбарты сыххæст бахæс уыдзæн Венгрийы премьер-министрæн, советы йæ æхсæзмæййон сæрдариуæгы периоды.
Депутаттæ Советæй курынц, ацы рискытæ ферогдæр кæнынæн исты хос бацагурын æмæ афтæдæр советы уынаффæты рахæссыны процессы реформæйы æрдæм сидынц, цæмæй фæуа ветойы бартæй фыдвæнд пайда кæнын æмæ шантаж.