Уавæр комплексон æмæ вазыгджын у бынæттон цæрджытæн, растдæр уый тыххæй мын ахсджиаг у, зæгъын сын, сымах иунæг не стут, Евроцæдис сабырдзинады, стабилондзинады æмæ æдасдзинады иузæрдиаг у, – уый фæдыл Европаг Советы президент Шарль Мишель фехъусын кодта, кæцы оккупацион хаххы арæнгæрон хъæу Хурвалетмæ ныццыд.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, евроцæдис Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады иузæрдыг у.
«Мæнæн иттæг нысаниуæгджын у, мæхи цæстæй федтаин бынатыл уæвæг уавæр. Растдæр уый тыххæй дæн ам. Зонут, цæмæй Евроцæдис Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады иузæрдиаг у. Атæдæр иттæг нысаниуæгджын у Евроцæдисы цæстдарæг миссийы роль, цæмæй амалуæвгæйæ, максималонæй бацархайа стиабилондзинад бахъахъхъæнын, афтæма баахъаз кæна æууæнк æрыздахыны мадзæлттæ. Зонæм цæмæй ситуаци комплексон æмæ вазыгджын у бынæттон цæрджытæн. Растдæр уый тыххæй мын ахсджиаг у, зæгъын сын, сымах иунæг не стут, Евроцæдис сабырдзинады, стабилондзинады æмæ æдасдзинады иузæрдыг у»- банысан кодта Мишель.
Уый ма бафтыдта, цæмæй инттæг нысаниуæгджын у фæтыхджындæр уа бастдзинад Гуырдзыстон æмæ Европæйы æхсæн.
«Уыдис мæм фадат абон сæумæрайсом фембæлын президент æмæ премьер-министримæ. Сихорафоны фæстæ уын уыдзæн фадат æндæр порлитикон фембæлдтæ æндæр политикон фарсытимæ ауадзын. Мæнæн иттæг нысаниуæгджын у, фæфидар кæнæм бастдзинад Гуырдзыстон æмæ Европæйы æхсæн. Ацы рæстæджы, ахсджиаг у уыцы реформæтæ сыххæст кæнын, кæцы Европæ нæ фæлæ Гуырдзыстоны цæрджытæн сты æнæмæнгхъæугæ – законы сæйрагдзинад, коррупциимæ тох. Афтæма нысаниуæгджын у амбицион экономикон программæтæ райтынг кæнын. «Ковид-19» стыр быцæусидт у Гуырдзыстоны, Европæ æмæ æнæхъæн Дунейы. Кусæм, цæмæй бафæразæм сæндидзын кæнынæн стратеги бакусын, кæцы нысаниуæгджын у адæмæн. Абон мæ визит у фадат, цæмæй равдисон стабилондзинады æмæ æдасдзинадæн Европæйы фарсхæцынад», – райхуъсын кодта Шарль Мишель.